Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Сылгоймаджы фæндон

ИУНÆГ КУЫДЗ | ЗÆРОНД БÆХ | ХОХАДЖЫ ЗАРÆГ | СЫРДДОНЦЪИУЫ ХЪАРÆГ | БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН | ДЕНДЖЫЗЫ МАСТ | ЗЫНГГУР ГÆЛÆБУ | ЦАРДЫ ЦИН | ГОРÆТЫ НЫВ | СОЛЬВЕЙГ |


Читайте также:
  1. СЫЛГОЙМАДЖЫ АМОНД
  2. СЫЛГОЙМАДЖЫ ХЪАРÆГ ЙÆ УАРЗОНЫ ИНГÆНЫЛ

Ус нæ ары йæ рыстæн хъузон, —

Зæрдæ-тары цæст дард уыны...

Мæн дæ хъæлæс фæфæнды хъусын

Хъалы уа, фыны...

 

Фæлæ айсæфт мæ уды аууон,

Æмæ аззад мæ хур быныл.

Цæссыг рустыл нызгъæлы... Сар уон,

Пецы нал лæууы зынг зынгыл.

 

Нал дæ мæн æмæ цæй куыд барон

Ныр дæ фыртæн уа, дæуæн?..

Æви не ’хсæн мæлæт у арæн, —

Нæй дæ удвæндæгтыл цæуæн?..

 

Уынджы митдзырагъ миттæй хъазы,

Цæстныкъулæгау, ферттивы — хин...

Дæу æцæгæлонæй дæр уарзын...

Ды — нæ мæн, нæ — дæхи!..

 

Ныр куы фестис бæргæ мæ цуры, —

Мигъау айсæфид риуы мæт,

Æмæ ссарин нæ зæххы сурыл

Æз мæлæтæн мæлæт!

 

Адæм барын нæ зонынц,

Уарзынц буцтæ кæнын...

Раздæх, цардмæ дæ хонын,

Æмæ сног уа нæ фын!..

 

Цин мæ уды зæйуатыл,

Митау, базмæла рог, —

Рох поэзийы артмæ

Ногæй баххæсса цонг...

 

Хъуыды суæгъд уа йæ нымдæй

Æмæ басæтта уд, —

Де ’ппæт миты фыдуындæй

Ды кæй уыдтæ рæсугъд!..

 

Æмæ амонды армæй

Æз нæ уыдзынæн цух,

Кæд мæ уадулты хъармыл

Ног ныдзæва дæ къух!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 48 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
СЫЛГОЙМАДЖЫ АМОНД| ЗАРÆГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)