Читайте также: |
|
Талынг. Арв дæр æрныллæг,
Кæмттæ митæй æхгæд.
Уары. Рогвад сæлфынæг
Калы къæйтыл йæ фæд...
Сабыр. Ривад у хъæууат.
Феггуырст къада, ысфынк.
Ам, хъæуа-йе нæ хъæуа,
Уасы рох къуымты уыг.
Талынг. Донхæрис — саулагъз,
Сау пæлæзы лæууы,
Æмæ кæрдæг йæ алыварс
Цудгæ-узгæ цæуы.
Систæ, хæдзæрттæ — дурбыд.
Уынгты сыджыт ныссау.
Куыдз ма хæдзæртты цурты
Тоны кæрдæг, фысау.
Хъæумæ нал зыны хицау
Æмæ снæудзарм йæ къæс, —
Кæрты цалынмæ ’рхиза,
Уæдмæ къонамæ кæс!..
Уый нæртон лæг уыд!.. Уазæг
Хъæумæ ’рыфтыд, уæд-иу
Арвæй уарыди зарæг,
Тагъд-иу фæныкмæ фиу!..
Арт. Бæхы хуыррытт. Фæндыр.
Æмæ хъазты «гъæйтт-гъæйтт!»
Ехх, куыд ма йæ æрфæнды
Хъусын егæртты рæйд!..
Фæлæ никуы ’мæ ницы...
Ам хæпп ыскæнæг нæй.
Арвыл зилы йæхицæн,
Мæйау, цавæрдæр къæй!..
Куыдзмæ, дзагарм æфсинау,
Уый кæм дары йæ сæр, —
Баззад маст æмæ цинæн
Ацы уазал къæсæр!..
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 52 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ИЗÆР | | | ЗÆРОНД БÆХ |