Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

МÆ КАРÆН ХÆСТОН

ФÆСРИВАД | БИРÆГЪ | КÆЙДÆР ХÆДЗАРЫ | УАЗАЛ РАЙСОМ | ЭКСПРОМТ | ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ | ГИТАРÆЙЫ ЗАРÆГ | AElig;НÆЗОНГÆЙÆН | КУЫДЗЫ МÆЛÆТ | МÆ ИРЫ КЪÆС |


Читайте также:
  1. AElig;МÆ УÆДДÆР...
  2. AElig;НХЪÆЛМÆ-ИУ КÆС
  3. БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ
  4. БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН
  5. БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ
  6. ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ
  7. ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ

Цыппор фæндзæм аз... Нæмыгтуджы цæмы

Саст Берлины куы фæци йæ ныхас,

Уæд æз райгуырдтæн хохбæсты. Атахт мæныл

Рогæй тугхъулон заман, нæ фыдаз.

 

Фæлæ абоны онгдæр, æхсæв уа йе бон,

Иу æвирхъау ныв уайы мæ цæстыл:

Ног мæ къæсмæ цæуы иу мæ карæн хæстон...

Уый фæмард цыппор фæндзæмы, хæсты.

 

Уый æрцыди фыццаг хатт: æрыгон, уæздан,

Уыд йæ сау-сауид бецыкк къæбæлдзыг.

Уæнгтæ фидар, æлвæст, фæлæ къахдзæф уæззау,

Цæстæнгасы — æргом ныфс, къæмдзæстыг.

 

Дуар бакодта цадæг. Æвзонг лæджы хуыз

Дардтой цырыхъхъы угард фæдтæ дæр.

Сидти хæстмæ мæнмæ. Хъæццул асхуыстон æз

Æмæ загътон: цæттæ дæн!

 

Уый æрцыди дыккаг хатт: йæ цæсгомыл — мæт,

Туг, тымыгъау, йæ уадултыл хъазыд.

Уыд йæ зачъе — хъæбæрхъис, йæ фезмæлд — ызнæт...

Нæй, нæ уыди мæлæтыл уый разы...

 

Рæстæг бадомы хæхты дæр. Хъуыды уæддæр

У мæлæт æмæ царды ’хсæн арæн...

Уый та ногæй æрцæуы: азæй азмæ — æндæр,

Фæлæ алы хаттдæр — мæ карæн!..

 

Уый та иу бон зындзæн, æз куы нæ уал уон, уæд:

У æнцон зонæн тугбын фæдтæй дæр...

О, уæд ма-иу ын исчи мæ бæсты зæгъæд:

Æз мæрдтæй дæр цæттæ дæн!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 42 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
МÆ РАГОН, МЕ ’РЫГОН ИР!| НЫСТУАН МÆ ФЫДÆЛТÆМ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)