Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Экспромт

ДУГЪОН БÆХ | МÆ РОХ КЪУЫМ | ХÆХХОН ХÆДЗАРЫ | ХЪÆУУОН МЕЛОДИ | УÆТÆРЫ | ФЫЙЙАУ ЧЫЗГ | АФТИД ИНГÆНЫ РАЗ | ФÆСРИВАД | БИРÆГЪ | КÆЙДÆР ХÆДЗАРЫ |


Читайте также:
  1. Пример 5.Ф.Шуберт Экспромт ор.90 №1 до минор
  2. Пример 90. Ф.Шуберт Экспромт ор.90 №2 Ми-бемоль мажор
  3. ТЕАТР-ЭКСПРОМТ

...Ард дын хæрын æз поэты æрхæндæгæй,

Ничи дæ уарзта мæнау!..

Фæлæ мæ удыл, уый зоныс дæхæдæг дæр,

Никуы фæдардзынæ сау.

***

Горæт аныгъуылд мигъы.

Тар æууилы йæ рæстæджы хай.

Мах, хъæдласæджы дзоныгъау, уигъы

Афтид трамвай...

 

Зæрдæ — донгуырæн абон,

Ног уым абухы цардæн йæ хин.

Ды — мæ фæстиат амонд,

Ма уадз уарзын дæхи.

 

Рагæй нал кæны цума

Мæнæн рагбонты урсбазыр зæд.

Ды, æрвæрдынау, уымæн

Тар уысмы бæрц ныррухс кодтай кæд?

 

Афтæ ’ххормаг фæндаггон

Суыны иуахæм фарны къæсæр,

Æмæ рацæй-рабон, —

Ары хордзенты дзулы къæбæр.

 

Ис дæ тæрныхы урсыл,

Ис кæйдæр хъыгты мадзура фæд:

Иу уысм ивы æнусыл —

У йын демæ æгъгъæд.

 

Уыд мæ сонт уд зынрафтæн:

Зæххæй дзабыр кæ, хурæй — хæдон, —

Фæлæ ’нувыдæй афтæ

Нал у демæ фæцæрын мæ бон.

 

Мæй дæ уадултыл бадон,

Гъе, дæ цæстыты арвы цъæх и?..

Ды, мæ фæстиат амонд,

Ма уадз уарзын мæ удæн дæхи!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 41 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
УАЗАЛ РАЙСОМ| ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)