Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Фыййау чызг

БОНЦЪÆХТЫ | ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | ХЪÆУУОН ЧЫЗГÆН | ЦИГАЙНАДЖЫ МОНОЛОГ | Чиныг «Хъысмæт æмæ зарæг»-æй | AElig;РМАХУЫР ÆХСÆРÆГ | ДУГЪОН БÆХ | МÆ РОХ КЪУЫМ | ХÆХХОН ХÆДЗАРЫ | ХЪÆУУОН МЕЛОДИ |


Изæрмилтæ. Æрривæд кодтой галтæ,

Чи у фынæйырдæм, чи та цæгъды сынæр...

Ныссабыр рæздарæн... Чысыл фыййауы артæн

Ысцырын цадæггай йæ зынджыты уынæр.

 

Уый бадти нымæтыл, ысхъаудта уисæй цæхæр.

Йæ фарсмæ афтид къус, сæгъы цармæй — хызын.

Æмæ йæ уадултыл, раст дидинæджы ’ртæхау,

Сывæллоны цæссыг æнаххосæй хъуызыд.

 

Ыстыр дуне уыд гом, æнæцар къæсау... Сабыр...

Бæрзонд къæдзæхтæй дон куырм адгуытæм лæдæрст.

Зæрæхсиды тынтæм тылдта йæ къухтæ хъамыл,

Æмæ зæронд тулдзæй æрттывта уыджы цæст.

 

Кæмдæр та хъæугæрон тымбыл мусы нæудзармыл

Ыскодтой сабитæ картофы хъæдтæй арт.

Къæбæдаахуыр чызг, бæстон æфснайд хæдзары

Нывæфтыд чингуытыл, тæргайгæнæгау, бадт.

 

Тындзыдта уымæ та æхсæвæрхæссæг рагæй:

Цыхт, йе, хъæдурдзæхдон хæццæ кæндзæн йæ фыд.

Æмæ йын къобор гал дæрзæг, хырыз æвзагæй

Ысдæрдта, фасæгау, йæ даргъ дзыккуты быд.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 42 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
УÆТÆРЫ| АФТИД ИНГÆНЫ РАЗ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)