Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

МÆ РОХ КЪУЫМ

ДАРД РУДЗГУЫТЫ РУХС | КУЫД СЫРÆЗЫ ЛÆГ | УАЙДЗÆФ | БЫДЗÆУ | БОНЦЪÆХТЫ | ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | ХЪÆУУОН ЧЫЗГÆН | ЦИГАЙНАДЖЫ МОНОЛОГ | Чиныг «Хъысмæт æмæ зарæг»-æй | AElig;РМАХУЫР ÆХСÆРÆГ |


Читайте также:
  1. AElig;МÆ УÆДДÆР...
  2. AElig;НХЪÆЛМÆ-ИУ КÆС
  3. БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ
  4. БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН
  5. БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ
  6. ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ
  7. ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ

Уары сур мит Къуыдары,

Схойы арф кæмтты уад.

Æмæ урс-урсид тары

Сырд нæ ары бынат.

 

Мит, ыссад мит, хыссæйау,

Атылд кæмтты — æмлæгъз,

Мæнæ хохы чыссæйы

Бабукъ иу гуыбыр къæс.

 

Аныхст зæххы бынтондæр,

Уаты мидæгæй — тар.

Бады урсхил зæронд лæг,

Схъауы лæдзæгæй арт.

 

Зæрдæ не ’хсайы ахсæв, —

Уазæг — хорзæх у дард...

Хъус цыдæр зæлтæ ахсы,

Ис цыдæр бæсты цард!

 

Ацы сабыр хæдзарæн

Нал ис бинонтæ, сых,

Чи ис сыджыты тары,

Чи та дардмæ фæлыгъд.

 

Æмæ лæсгæрæй хатгай

Фыны бауасы фыс,

Æмæ хуыккоммæ радгай

Давы хæтæлтæ мыст.

 

Ахсæв ног мит ныууардзæн, —

У ма бонцъæхтæм дард.

Ис цыдæр бæсты уалдзæг,

Ис цыдæр бæсты цард!..

***

Æри-ма, сахъ лæппу, дæ бæх,

Фæсадз æвзист идон мæ къухы.

Æз дæр кæддæр зыдтон дзæбæх

Архъан мæ рахиз цонгыл тухын.

 

Аланты тохылхæст фыртау,

Тæлфа мæ туг мæнæн дæр хъуамæ.

Куы иса фидар лæг ныфсæй,

Уæд йе ’ргом нал ыздахы хъама.

 

Зылдтæн-иу карз сырды фæстæ

Тæхгæ бæхыл, йе, фистæг, хъавгæ...

Ныр ис зæххыл æндæр хæстæ, —

Ысты уæззау æмæ тæссагдæр.

 

Мæ дуне байгом и мæнæн

Мæлдзыджы утæхсæн улæфтæй.

Æз федтон сауцъиуы цæрæн

Æхгæдта залмысыф — уæлæфтау.

 

Кæркуасæнтæм-иу æз цыдтæн,

Фæндагыл-иу мыл кодта райсом:

Мæ дард балцы лæджы цытæн

Æз иунæг хорзæх дæр нæ райстон.

 

Фæлмаст туг ма хъыдзы кæны

Мæ уды ’хсызгон риссаг цадæг.

Мæ цингæхц йе ’мбылтæй кæлы,

Мæ сау хъынцъымыл ацыд адæг.

 

Ыссардтон авд хохы фæстæ

Æнцой дæ тæлфаг бæхы рагъыл,

Кæс-ма, йæ сæр бæрзонд хæсгæ,

Къуыпприу дзæбидыр хизы дагъы.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 51 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ДУГЪОН БÆХ| ХÆХХОН ХÆДЗАРЫ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)