Читайте также: |
|
Я вернусь, когда раскинет ветви
По-весеннему наш старый сад...
С. Есенин
Æнхъæлмæ-иу кæс,
Æз зындзынæн
Тъæнджы мæйы хъызты,
Мæ ном дæр дæ зæрдыл куы нал лæууа, гъе уæд
Фæтæнриу æфсургъыл
Дæ къæсмæ.
Хæхбæсты фыдтымыгъы митæй
Дæ цæсгомæй нал зыны ницы,
Уæддæр-ма
Дæ сидзæр уæрыччытæн
Уазал ыскъæты
Æвæрдзынæ, дзуллаг ыссадау,
Фæтæйнаг лыстæг хос.
Æнхъæлмæ-иу кæс,
Æз зындзынæн,
Куы сфæлмæцон ме ’знæт фæндæгтæй,
Мæ фыддæр ызнæгтæй,
Мæ уарзон сылгоймæгтæй,
Гъе уæд,
Хæтæнхуаг Пер Гюнтау...
Æнхъæлмæ-иу кæс,
Уый, чи зоны,
Иу рæсугъд уалдзыгон райсом
Дæ сабыр, æфснайд кæрты
Ныххойа йæ раззæгтæ байраг —
Тугæвдылд бæх
Ныккæна фæдисон мыр-мыр
Мæ номыл.
Фæлæ ма ’ууæнд: æнхъæлмæ-иу кæс,
Æз зындзынæн!
***
Æз нал уарзын дæу — уый дæ зын у, мæ хъарæг...
Дæ саби — дæ амонд, йæ фæрцы цæрыс.
Фæлæ йæ куы зонын: мæ цинæйдзаг зарæг
Ныры онг дæ зæрдæйы кæмтты нæры.
Æрдæгæхсæв тары æрхуыссыд дæ цырагъ,
Дæ хъæбулы узыс, уæддæр дын кæуы...
— Гъе Уастырджи, фод-иу дæ фæдзæхст мæ зынаргъ!
Кæд йемыйас сæфт у, уæддæр уый мæн у.
Фæкувыс ды афтæ мæ номыл, мæгуырæг!
У рохы мæнæй æмæ зæдтæй дæ рис,
Æмæ ныр дæ къонайы фарсмæ тæдзынæг
Йæ къупп-къуппæй дзуры: «Лæгау лæг кæм ис!»
Фыд нал цæуы фыртмæ — фырт фыды нæ зоны,
Сæ уарзты фæндæгтæ адзалы онг — дих...
Мæ уд мын цымыдис ’мæ катай æвзонынц:
Кæд афтæ у рæстæг — йе цард у, йе сих?!.
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 46 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
НОГ АЗЫ ФЫНТÆЙ | | | КÆМÆНДÆР |