|
Хъæбул, нæ дын кæнын ныхæстæ
Мæхи ысраст кæныны охыл:
Хъысмæт мæн бафтыдта æлгъыстау,
Тызмæг, æнæхайыры тохыл.
Æмæ-иу аззадтæ ды фæсвæд
Мæ хъуыдытæй... Цыдысты бонтæ, —
Фыдбылыз-иу цыди мæ фæд-фæд, —
Зæры бонмæ фæцардтæн сонтау.
Мæ тох рæстдзинады сæрвæлтау
Мæ чысыл хурæй баскъуыд уаз дæр! —
Нæ царды сусæггаг æрфæнты
Нæ вæййы уыцы зынæй карздæр.
Нæ цард нæу аив быд ныхæстæй, —
Кæд дæм уый искæд бон æрхъара,
Дæ туджы кæд фæуа мæ хъæстæ,
Уæд базондзынæ мæн æмбарын.
Зыдтон æз алкæмæн дæр барын:
Мæлдзыджы номæн кодтон табу,
Фæлæ рæсугъд сæгуыты марынц,
Уæд та-иу растади мæ раст уд
Тызмæглæджы ныхмæ, — йæхицæй
Хуыцау æнхъæл чи у, æцæг та
Сæрæй къæхты бынмæ у ницы,
Уæддæр æрæхгæны дæ фæндаг
Бæрзонд, рæсугъд сæнтты æфцæгмæ, —
Гъе уый та у, мæ хур, — поэзи,
Цы ’взагыл дзуры лæг æцæгтæ,
Сæргуыбыр — паддзæхтæ йæ разы,
Стæй фарны адæмтæ... Кæй бон у
Зæрдæйы къæсæй лидзын дардмæ! —
Æмæ мын, чи зоны, йæ номыл
Ды дæр мæ рæстдзинад ныббарай!
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 45 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ЧЫНДЗДЗОН ЧЫЗДЖЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | | | СФÆЛДЫСТАДЫ УЫСМ |