Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

НОГ АЗ ХÆХТЫ

AElig;НКЪАРД БОН | СОНЕТ ЛÆДЖЫ КАРЫЛ | ДÆЛЛАГ ГАЛ | ФЫДЫ ХЪАРÆГ ЦÆРЫНХЪУАГ ХЪÆБУЛЫЛ | AElig;РГОМ НЫХАС | МЕ ’ВЗАГ | ХОХАДЖЫ МАСТ ГОРÆТЫ | ИУНÆГДЗИНАД | ДЗÆУДЖЫХЪÆУ | ФЫДЫ ФÆДЗÆХСТ ФЫРТÆН |


Читайте также:
  1. ФÆЗЗÆГ НÆ ХÆХТЫ

Мит уæззау пакъуыйæ хауы.

Бæстæ у тызмæг.

Сау халоныл тас æфтауы

Урс-урсид зымæг.

 

Хъæд — бæгънæг. Йæ тæнæг хихтыл

Рафæйлауы тар, —

Ацафон уый сырддон цъиуты

Нал фæкæны хъарм.

 

Мæнæ стыр комы мæрайы

Бабукъ хохаг хъæу.

Куыройы кæхцмæ лыуары

Къæркъæраг мæнæу.

 

Чидæр ма йæ фарсмæ зары, —

Ногбоны цыхтæй

Тагъд уыдзæн йæ сой хæдзары

Сой уæлибæхтæ.

 

Хъæу æмызмæлд систа, хъуысы

Нард фысты бæгъ-бæгъ.

Куыйтæ дæр кæрæдзи ныфсæй

Срæйдтой, марадз зæгъ.

 

Уадз, сæ изæры куыстытæ

Рагацау фæуæд,

Æмæ иу къæсы æмбырдæй

Рабаддзысты уæд.

 

Хистæр сыстад. Царыл фиуæн

Æхсаргардæй — дзæхст: —

Цæй, мæ хуртæ, ут мын иумæ

Ног азæй фæдзæхст.

 

Уæд ныййазæлдзæни комы

Зарджыты хуыздæр,

Æмæ ма, мæ хур, кæй домы

Зымæджы хъызт дæр.

 

Ног хæрзтæ æрхæссæд йемæ

Ацы рох къæсæн;

Уадз æмæ æппæт дунейыл

Фарны хур кæсæд!

***

Цæй, цом, хæлар, нæ рагбонтæм фæлидзæм!

Нæ фæд-фæд цадæг афардæг уæм хæхтæм.

Тæссар къæмбыртыл сусæгæй ысхизæм

Сычъидзуггы цæрæнуатмæ æввæхсты.

 

Æхсæвиуат дзы бакæнæм. Сæумæйæ

Нырттивдзæн бон ыскæсæны къæсæрæй.

Сæнт урс суадæттæ, уазал худт кæнгæйæ,

Сызгъæрин дуне сисдзысты сæ сæрыл.

 

Мах ноггуырдтау ысбуц кæндзæни уахъæз,

Нæ салд рустæ нын батавдзæн йæ пъатæй,

Хæрынмæ нын æрывæрдзæн нæ разы

Сæнчытæ, зæгъ, мæнæргъыйы гагатæ.

 

Куы раста изæр бурдзыкку йæ балцы, —

Ныззæй кæндзысты стъалытæ йæ фæстæ,

Æмæ уæд се ’хсæн къух батъыссæн нал и,

У бонæй рухсдæр д’ алывæрсты бæстæ.

 

Цæй, цом уæдæ нæ рагбонты къæсæрмæ,

Æмыр хæрдты ысфæлтæрой нæ зæнгтæ.

Сыгъдæг амонд æрхæссæм-иу нæ сæрмæ,

Цæрыны ныфс куыд бацæуа нæ уæнгты.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 54 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ЧЕСЕЛТЫ| ХЪÆУ ЗЫМÆГОН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)