Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ФЫСТÆГ

ФЫДЫ ХЪАРÆГ ЦÆРЫНХЪУАГ ХЪÆБУЛЫЛ | AElig;РГОМ НЫХАС | МЕ ’ВЗАГ | ХОХАДЖЫ МАСТ ГОРÆТЫ | ИУНÆГДЗИНАД | ДЗÆУДЖЫХЪÆУ | ФЫДЫ ФÆДЗÆХСТ ФЫРТÆН | ЧЕСЕЛТЫ | НОГ АЗ ХÆХТЫ | ХЪÆУ ЗЫМÆГОН |


I

Фæфыстон та дæм дысон-бонмæ æз

Мæ мидфыны рæсугъд фыстæг, мæ фыд!

Фыстон æй дардæй, фæлæ-иу дæ хуыз

Бæстон-бæлвырдæй цæсты раз лæууыд.

II

Сæрдыгон хур кæны’ дзæгæрæг бæстæ,

Цъæх арвыл цъиусур зилахар кæны.

Фырæнуды ныхъхъус и æрдз, æрмæст-ма

Æхсæрдзæн коммæ уынæргъгæ, кæлы.

 

Кæрдыс ды хос бæрзонд фæтæны къултыл,

Дæ цæвæг хурмæ ферттивы æваст.

Фæлдæхы кæрдæг. Фидарбыд дзыккутау,

Дæ уистæ сты æрмæйлæгъз æмæ раст.

 

Ныннæры «о-о» кæмтты æмæ фæзты:

«Гъе-гъей, бецау, зæронд хосдзау, мæгуыр».

Æрулæфыс. Нæ мила куыдз дæ фæстæ

Æвзагæппæрст, лæфлæфгæнгæ, цæуы.

 

Дæ бирæ цотыл у, мæ хур, дæ хъуыды,

Фæлыгъдысты дын алырдæм, бæгуы,

Фæлæ сæ ничи рох кæны йæ фыды,

Æмæ гъе уый дæр амонды фаг у.

 

Уырны дæ, сонты райсдзынæ мæ фыстæг,

Фæфæрсдзæни дæ алцæмæй дæ фырт.

Æрцæуынæй дын авæрдзæн ныфсытæ,

Кæд ацы хатт нæ фæсаид йæ дзырд,

 

Æмæ та уæд нæ сабыр къæсыл артау

Ысхæцид зарæг, — ахæмтæм лæг у!

Тæгæр фынæй кæнид мæ фарсмæ уаты

Æмæ гъе уый дæр амонды фаг у.

***

Мæ дзырд хъæрæй зæгъгæ вæййы мæнæн,

Фæлæ, мæ Ир, дæуимæ та хъæбулау

Æфсæрмдзæстыгæй райдайын, сæркъулæй

Мæ ныхæстæ... Нæ дын фæдæн сæрæн,

 

Æмæ къæмдзæстыг уымæн дæн. Дæ номæн

Цы саг ирæттæ бакодтой лæггад,

Кæмæн ныхъхъæр и дунейыл йæ кад,

Мæн ахæм лæгæй мæлдзыг дæр нæ зоны.

 

Сæрыстыр ма æз иу хъуыддагæй дæн:

Мæ уарзт дæумæ æвæджиау кæй уыди,

Фыдохы раз кæй нæ лæууыдтæн зоныг.

Æлгъыстау мын нæй уромæн, сæттæн, —

Нæ артдзæсты фæрны рæхыс кæй хъуыди,

Нæ мæ фæлидздзæн мæрдты бæсты онг!

ЗÆРДÆЙЫ ХЪУЫДЫТÆ

Æз мин-мин азы рацардтæн... Уæвгæ,

Мæлæты къухæй уал хатты фæхъуыдтæн,

Фæлæ та-иу бæрзонд хæхты сæрмæ

Ысхызтæн ног нæ арф кæмтты рæбынæй.

 

Уæдæ цæуыл, цы охыл уыд мæ тох?!.

Кæмæй-иу каст мæнмæ мæйтæ ’мæ хуртæ,

Гъе уыцы чызг æви æмгары хорз

Мæ цæсты гъеныр нал ахадынц мур дæр.

 

Мæ Райгуырæн! Дæуыл уыди мæ цин!

Фыдбоны дæр мæнæй нæ уыдтæ рохы:

Дæ сæрвæлтау мæ сонт хъару фæци, —

Дæ уарзт мæнмæ уыд тадзгæ-баргæ, оххай!

 

Нæ хъуыдысты мæн хорзæхтæ уа, кад,

Æви цыдæртæ ахæмтæ... Фыддзардæй

Нæ тарстæн æз... Фæндыди мæ, мæ зард,

Цы уа, гъе уымæй, адæмтæ æмбарой.

 

Ныр мæнæ гъе, æппæтæн дæр кæрон

Æрцыд, æмæ ма чи тыхсы йæ фæндтыл...

Тæхгæ уæдæ, мæ уаз æфсургъ, нæ бон

Ыссудздзæн тагъд æрвгæроны кæрæттыл!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 46 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ХÆРЗБОНЫ УЫСМ| ХÆХХОН ÆХСÆВ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.011 сек.)