Читайте также: |
|
Мæ зæрдæ мæ нал хæссы рог митæм. Ныр
Лæппуйау нæ тыхсын мæ зынтыл.
Ныззар-ма, мæ хæлар, дæ ифтыгъд фæндыр
Æрдзура хæххон лæджы фынтыл.
Нæ сæрмæ, æгæрон тыгъд быдырау, арв.
Ыстъалыты уазал къуым ахсæв
У фæззæджы риуыл æвæджиау хъарм,
Гуыбыр лæгау, зæхмæ æртасы.
Ныззилы нæ алварс дзæгъæлзад æлхуый —
Рæсуг дымгæ — хæхты фæдисон.
Ныззар-ма, кæугæйæ цæмæн гуырæм, уый
Зæгъдзæни нæ зарæг — нæ исбон.
Æз а зæххы цъарыл нæ зыдтон æнцой.
Нæ — искæмæн, никæд — мæхицæн
Нæ ракодтон иу хорзæх... Фæлæ мæ кой
Кæндзысты йе маст, йе та цинæн.
Цы ма кæнон уæд? Нæй тыхмийæ дæр — нæй!
Æрмæст-ма, мæ рæсугъд Ирыстон,
Фæнды мæн: мæрдтæм дæр куы уаис мæнæй, —
Дæ хъæбулы уарзтæй сæрыстыр!
Арты уидæгтæ
ПОЭТ
I
Дæ уд дæ хъуырмæ ссыд, уæд ма
Кæй февдæлы фæрныг ныхæстæм...
Поэт дæн æз. Мæлгæйæ уа—
Нæ фехъусдзынæ ды мæ лæгъстæ!
Æрдыны фатау у мæ ном, —
Кæсы йæм къухаууонæй рæстæг,
Нæ сæмбæлд нысаныл, уæд зон,
Куыдз дæр нæ ракæсдзæн дæ фæстæ.
II
Æз райгуырдтæн. Цы уыди — уымæй
Зыдтон хæххон лæгау мæ бон.
Сæумæ-иу растади нæ хуымæй
Бæзмигъ, ныззарыд комы дон.
Æрхуым, мæрауæраг бæлæстæ
Ныккодтой цъиуæмдзæгъд, уæд-иу
Мæ уды цинæйдзаг хъæлæстæ
Æзраздæронæй кодтой зиу.
Кæм нæй, фæлæ Бæрзонд Къуыдары
Тынараугæ куы расты Хур, —
Йæ фезмæлдæй æмæ йæ хъармæй
Нынкъуысы уазал доны дур, —
Уæд ма цы амондмæ фæкæсы
Æнхъæлмæ лæг? Кæм нæй мæнæн
Мæ райгуырæн къуымы, мæ къæсы
Фыртау зæрдиагæй цæрæн!
Фæлæ тæбæгъы дон у цард,
Кæцырдæм фенкъуыса — дæ хъысмæт,
Æмæ уæд зон æрцыд сæ рад
Дæ цины бон æмæ дæ рыстæн.
III
Поэтæн афтæ у йæ конд
Æцæгæй дæр: йæ куыст — цæугæ мæт,
Фæсвæд ныррухс вæййы йæ бон, —
Æрцæуы горæты йæ мæлæт!
Æмæ кæд базыдтон мæ бон
Æппæтæй дæр: кæны мæ хивæнд
Ызнаджы хин, паддзахы сонт
Æмæ цыдæртæ ноджы бирæ;
Кæд зонын, бахаудтæ цæсты, —
Дæ лæмæгъ хион дæр нæ бары,
Фыд ран, фæхæцыны бæсты,
Уыныс йæ фæсчъылдым æмгарæн;
Дæ номæй чи уыди нымад,
Гъе уыцы ницæйаг сылгоймаг
Бæрзæндты сисдзæни йæ кад,
Дæуыл та раскъæрдзæни койтæ,
Уæддæр нæ басæттын, мæ бон,
Мæ дзырд, æлвæст кардау, æргом у,
Фæсвæдæй никуы дзырдтон æз
Æмæ мын уæд мæ хъуыды зонут:
Æз нæ кæнын мæ хъысмæтæй хъаст,
Кæд зындоны къæсæрæй
Фыддæр у мæ цæрæн,
Уæддæр,
Æз нæ ивын пайдайыл мæ уарзт,
Æз, хуыцæуттæ уой, паддзæхтæн
Никæд нæ кувын
Мæ сæрæй —
Æз поэт дæн!..
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 53 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ФЫСТÆГ | | | ХÆС |