Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ХÆС

МЕ ’ВЗАГ | ХОХАДЖЫ МАСТ ГОРÆТЫ | ИУНÆГДЗИНАД | ДЗÆУДЖЫХЪÆУ | ФЫДЫ ФÆДЗÆХСТ ФЫРТÆН | ЧЕСЕЛТЫ | НОГ АЗ ХÆХТЫ | ХЪÆУ ЗЫМÆГОН | ХÆРЗБОНЫ УЫСМ | ФЫСТÆГ |


Читайте также:
  1. МÆ КАРÆН ХÆСТОН

Мæн бирæ цыдæртæ

Нæ уадзы фæцæуын мæ цардæй.

Æппæлдау мæм кастис:

«Куы бафидин искуы мæ хæс!» —

Фæцардтæ, уæд ацу,

Нæртон лæгау, кад æмæ радæй, —

Лæгау-лæджы ном ма

Мæрдты дæр ыссарай æххæст.

Мæ азтæ цы уыдысты:

Иугонд нымæцæй, гъе асæй —

Нымаинаг нæу, уыдысты мын

Иу царды фаг...

Йæ бæсты сæрвæлтау

Æцæг ирон алкæддæр расты:

Йæ тæппуд хъæбулыл

Нæ фæкæуы хохаджы мад.

Бæргæ куыстон æз,

Æнæном æнгуылдзау, мæ Ирæн:

Быцæуæн æвæрдтон

Фæдисон дзыллæйæн мæ уæхск...

Æмæ-ма, мæгуырæг,

Цы зарæгæй кодтон æртхъирæн,

Гъе уый дæр нæ ралæг,

Йæ тыхы нæ бацыд æххæст.

Куы фембылд уа дугъон —

Фылдæр у уый барæджы аххос:

Нæ тарстæн, æцæгæй,

Æз бонæн изæрæй, мæ хур,

Ныр фæззæджы; къæйыл

Æфснайын нæ къæмбыртыл салд хос,

Мæ цъæййаг цæвæгыл

Фыд тæргайæ нал хæцы дур.

Уæддæр-ма фæзæгъын:

Фæзын-ма иу цъусдуг æвзонгад,

Нæ хохы рæбынæй

Тæрккъæвдайы нал хъары дон.

Æз рафæйлаудзынæн, —

Гъе уый ма мæ ныфс у, мæ боныл, —

Тæлфаг дуртæ уырдыгæй,

Цалынмæ удæгас уон!

Нæ бонты фæдисы

Мæ митæй кæмæн кодтон маст,

Ныббарæнт мын, оххай,

Бæргæ мæ нæ уыдысты рохы,

Фæлæ... Нæй дыууæ царды иу лæгæн...

Ма ракæ хъаст, —

Цы лæг мыл æууæндыд

Йæ цæугæ мæсыг

Æмæ хохау!..

***

Лæг цух у амæндтæй зæххыл, —

Фæндонхорз никуы дæр уыдзæни...

Цин кæ, мæ хур, æрвон цъæхыл,

Сæуæхсид растади, йæ фæрцы

 

Ды баппар дугъоныл дæ гуыр, —

Тæхгæ дæ раст нысанмæ уадау,

Æмæ фæндон уысммæ, мæгуыр,

Ды гъеуæд рацæрдзынæ адæн.

 

Зæххыл цы сагдæртæ нæ цард:

Пахуымпар, ахуыргонд, поэт уа,

Кæд раст лæг дæ, — хæрын дын ард, —

Æмсæрау дын цæргæ у семæ.

 

Æмæ-иу бафæраз, хъæц-иу:

Хъысмæт дæ раууатмæ куы тæра,

Дæ удыл комдзог макуы цу,

Йæ зынæй макуы тæрс æмгарæн!

 

Фæстаг бон ма, рæсугъд изæр,

Дæ иппæрд, рох къæсы куы мæлай,

Уæд-иу хъæлæсыдзаг ныззар —

Ызнаг дыл ма уæнда кæуын дæр!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 58 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ХÆХХОН ÆХСÆВ| ИУНÆГ ЗÆРОНД ЛÆГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)