Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ИУНÆГ ЗÆРОНД ЛÆГ

ХОХАДЖЫ МАСТ ГОРÆТЫ | ИУНÆГДЗИНАД | ДЗÆУДЖЫХЪÆУ | ФЫДЫ ФÆДЗÆХСТ ФЫРТÆН | ЧЕСЕЛТЫ | НОГ АЗ ХÆХТЫ | ХЪÆУ ЗЫМÆГОН | ХÆРЗБОНЫ УЫСМ | ФЫСТÆГ | ХÆХХОН ÆХСÆВ |


Читайте также:
  1. ЗÆРОНД БÆХ
  2. ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ ГАДЖИДАУ
  3. ИУНÆГ КУЫДЗ
  4. ИУНÆГДЗИНАД
  5. КУЫД СЫРÆЗЫ ЛÆГ
  6. ЛÆГ ÆМÆ ХÆРÆГ

Фыдтымыгъ исы хæдзарæн йæ цар,

Æхгæд рудзгуытæ сонт ризыныл фесты.

Йæ цырагъ судзы. Уат æфснайд у, хъарм.

У хъазы хъуынæй конд, мæ хур, йæ лыстæн.

 

Нæ, ницæуыл тыхсы: æппæт дæр фаг, —

Йæ фарсмæ хъомвос рагон цæхх ысдæры.

Ыскъæт ныссабыр. Бур галы æвзаг

Хъæбæр цæххыл, фæндыры цагъдау, зæлы.

 

Мыййаг, æнхъæлмæ никæмæ кæсы:

Фæлыгъдысты йын хионæй, æрвадæй.

Бынылзадау йæ фыдæлты къæсæр

Уый хъахъхъæны йæ маст æмæ йæ кадæн...

 

Бæргæ ыссарид зæрæдты хæдзар, —

Йæ карæнтимæ дзурын у æхцондæр, —

Нæ дæтты намыс хохаг лæгæн бар,

Кæм райгуырай, уым у мæлын æнцондæр!

 

Æниу зæронд йæ азтæй кæны лæг,

Æндæр куы уой дæ ныфс æмæ дæ хъуыды —

Лæппулæг ма кæмæ кæна хæлæг, —

Уæд рухс дунейæ ахицæн кæй фæнды?!

 

Уадз уара мит, фыдтымыгъты фæстæ

Цæрдхъом вæййы, рæдау æфсинау, уалдзæг.

Нæ зилы цырагъ: ацы рох къæсæр,

Цы нæ вæййы, уæд та ыссардта уазæг!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 46 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ХÆС| ТУЛДЗ БÆЛАС

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)