Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Марды уæлхъус

ХЪÆУ ЗЫМÆГОН | ХÆРЗБОНЫ УЫСМ | ФЫСТÆГ | ХÆХХОН ÆХСÆВ | ХÆС | ИУНÆГ ЗÆРОНД ЛÆГ | ТУЛДЗ БÆЛАС | ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | ЧЫНДЗДЗОН ЧЫЗДЖЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | ФЫДЫ РÆСТДЗИНАД |


Читайте также:
  1. ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС
  2. ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС
  3. ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС
  4. ЧЫНДЗДЗОН ЧЫЗДЖЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС

Хæныкъаты Ростиславæн

Дæ номæй ничи уыдзæн буц

Цæстмæ дыл, чи зоны, фæкæуой:

— Фæхъуыци иу ирон лæппу,

Дзæбæх уыци, мæгуыр, цы кæнæм!

 

Æмæ цæмæй нæ зыдтой дæу:

Хæрзуаг, хæрзæгъдауæй, рæдауæй,

Фæлæ дын чи кæны æгъдау:

Æппæт æрцæугæ у йæ рады!

 

Ды нал дæ æмæ нал и цард

Дæ рох къæсы. Дæ иунæг мадæн

Кæны рæдзæ-мæдзæ йæ арт,

Нæй й’ алвæрсты æрæнцой уадæн.

 

Уæдæ кæмæн кодтай нывонд

Дæ сыгъдæг уд? Нæ хъуыди никæй,

Цыма лæгау лæгæн нывгонд

Æрмæстдæр у — хæца фæринкæй.

 

Ныббар мæрдтыбæсты, хæлар,

Мæнæн дæр, чи зоны, нæ уыди

Къæрцхъус мæ рæстдзинады кар

Æмæ дыл феввæрсон мæ хъуыды.

 

Æз зонын иу: æхсæв уа, бон,

Фæндагыл уон, æви мæ къæсы,

Кæрдзын æмæ цæххæй дæ ном

Æз ардзынæн, кæд сыл æрвæссай?!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 57 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
СФÆЛДЫСТАДЫ УЫСМ| СОНЕТ КАДЫ ТЫХХÆЙ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)