Читайте также: |
|
Дæ кад æрхауд — фæстæмæ йæ нæй сисæн...
Фыдызнæгтæн сæ фæндиаг фæдæ.
Цы ма давой дæ сагъæстæ, дæ фæндтæ, —
Дæ хиуæттæм дæр нал хъары дæ риссаг?!
Ды раст лæг дæ, фæлæ-иу хæц дæ дзыхыл,
Бæллиццаг ма цы лæгæн у дæ фенд...
Фæстæмæ ма йæ раздахы поэт,
Цыфæнды йæ куы сывдылдæуа цъыфы,
Фæлæ гъе уый дæр а царды фæстæ...
Æмæ та ногæй феккуырсы уæддæр,
Фæстаг улæфтмæ иунæг хъуыддаг зоны:
Хуыцауæн дæр-иу ма бакæ лæгъстæ,
Дæ хурхмæ дын куы ныддарой кæрдтæ,
Пахуымпарау сæрыстыр у дæ номæй!
МÆ ХОМÆ
Цæуыл у дæ катай...
Мæ хо Ксенияйы ныхæстæй
Кæддæры хъару мауал дом мæнæй,
Мæ рæсугъд хо! Цъæх айнæг дæр нырризы.
Ныффæллад дæн... Кæмæй æмæ цæмæй —
Нæ зонын, фæлæ рог уæныг нæ хизы
Фæсхуым цъæх кæрдæгыл... Æмæ фæнда
Æви нæ фæнда мæн, гъе уæддæр
Фыдох æмæ фыдрыныл у мæ фæндаг,
Æмæ йæм хъуамæ макуы уон æдзæттæ;
Уый нæй — нæ дæ къæбысмæ дæр нымады,
Æмæ кæмæ фæцæудзынæ хъæстмæ?
Æхсины лæг йæхи нæ мары кадыл,
Уæййаг — йæ ном, йæ райгуырæн бæстæ.
Æз та — поэт. Мæн у зæгъæг мын нæй,
Фыдгæнæгау, фæлæ хъæцын мæ зыныл:
Зæгъæм, Къоста æрыздæхти мæрдтæй,
Уæд ма йæм æз цы цæсгомæй кæсдзынæн!
Æниу Хазби æмæ къуыдайраг Бега,
Цы охыл хъуамæ рахоной мæн лæг,
Сæ фæдон кæд пайда агургæ фегад, —
Бæрзонд фыдæлтæм нал кæны хæлæг?!.
Хатыр, мæ хо! Æнамондæй уа, низæй
Тæрсыс мæнæн... Фæлæ цы сты лæгæн?
Адзалы онг мæ чысыл Иры ристæ
Нæ барын æз — цæргæ уа йе мæлгæ!
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 51 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
МАРДЫ УÆЛХЪУС | | | ЗÆРЫ БОН |