Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Уалдзыгон райсом

ХÆХХОН ÆХСÆВ | ХÆС | ИУНÆГ ЗÆРОНД ЛÆГ | ТУЛДЗ БÆЛАС | ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | ЧЫНДЗДЗОН ЧЫЗДЖЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | ФЫДЫ РÆСТДЗИНАД | СФÆЛДЫСТАДЫ УЫСМ | МАРДЫ УÆЛХЪУС | СОНЕТ КАДЫ ТЫХХÆЙ |


Читайте также:
  1. УАЗАЛ РАЙСОМ

Ныййазæлыд уалдзæг. Бæрзонд рæгъты урс мит

Сыбыры хай бакодта дымгæ.

Кæс, хосдонæй ратахт, ныууагъта йæ «мит-мит»

Сырддонцъиу тæмæн хуры зынгмæ.

Цъæх-цъæхид кæрдæгыл сæнт урс уæрыччытæн

Хъылдымæй хъазт бацайдагъ — марадз...

Хуымы гал ысдæры йæ хиды фынчытæ:

Кæронмæ фæлдæхт у йæ ауæдз.

Ныр уарзты рæстæг у: сæ бырынчъы фæттæй

Дзывылдæрттæ арынц кæрæдзи.

Æз ма уæд цы зæгъон? Мæн ацы дзæнæтæй

Гъе уый бæрц амонд дæр нæ фæци.

Бæргæ ма æрфасын мæ къæбæлдзыг бецыкк, —

Йæ халас мын хурмæ нæ тайы...

Æз тагъд кодтон цард, уый нæ лæууыди ме ’нцой,

Ныры онг мæ фæндагмæ сайы.

Æнæхин, æнæдих уарзт, — уый кæны, зонын,

Цæргæ-цæрæнботы дæр не ’мдзу,

Йæ фæрцы ныууæй кодтай иу боны номыл

Дæу чи уарзта, уыдоны, зонддух!

Æмæ ма цы давы дæ зынад, фæсмонтæ,

Кæй хъæуынц дæ бирæ ныхæстæ?—

Дæ раздæр бæллицты, дæ цыбыркъух бонты

Йæ фæдджимæ ассывта рæстæг.

Фæлæ та... У уалдзæг. Уæрæхгом — мæ рудзынг,

Кæны мын сæууон дымгæ пъатæ...

Æз кæй уарзтон, уыцы сылгоймæгтæн —

Бузныг,

Мæн чи уарзта, уый разы —

Хатыр!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 50 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ЗÆРЫ БОН| НОГ АЗЫ ФЫНТÆЙ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)