Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Уазал райсом

AElig;РМАХУЫР ÆХСÆРÆГ | ДУГЪОН БÆХ | МÆ РОХ КЪУЫМ | ХÆХХОН ХÆДЗАРЫ | ХЪÆУУОН МЕЛОДИ | УÆТÆРЫ | ФЫЙЙАУ ЧЫЗГ | АФТИД ИНГÆНЫ РАЗ | ФÆСРИВАД | БИРÆГЪ |


Читайте также:
  1. УАЛДЗЫГОН РАЙСОМ

Æрыхъал дæн раджы,

Кæмдæр ма фæсхохы

Зынг хуры тын кодта фынæй.

Æрыхъал дæн раджы

Фыдфынты мæцъæлæй,

Мæ хъуыдыты гоби зынæй.

Мылазон цъæх дары

Хуылыдздуне. Мигътæй

Æмæхгæд у горæты лæгъз.

Мæ зæрдæ æнкъары:

Мæ цард и фæстейæ,

Мæлæтæн — æвæлмон æнгас...

Хуыдымы кæсагау,

Ызмæлыди горæт:

Хæдтулгæтæ, адæмтæ — пырх.

Нæ баззад хъæстагæй,

Хур къардиуы сæрæй

Ысдары мæ цæстыты сырх.

Лæгъз уынджы хъæбæрыл

Къаннæг саби бады,

Æхсыры авг дары йæ былтыл.

Мæн та йæм хъæр кæнын

Фæндыди, æз абон

Кæй уыдтæн мæлæты фыдфынты.

***

Æдзæм, æгуыппæг у нæ хъæу.

Æвæры расыг мит хъæпæнтæ.

Сыф-сыф кæны... Уыдзæн мæнæу

Къуыдары уымæлвæд тъæпæнты.

 

Сырх зæлдагау, нæ кæмтты хур

Уæзбынæй ивылдзæни. Маргъау,

Мæ разы урс аик цæлхдур

Æвæрдзæн мысинæгты аргъау.

 

Æййафдзæн тагъд дзывылдар мæн

Фæлдæхтæй кæрдæгыл дæлгоммæ.

Хæсдзæни бур дæтты тæмæн

Мæ уды сагъæс комæй коммæ.

 

Æрлæудзæни мæ зæрдыл уæд,

Кæй у мæрдтæм нæ фæндаг хицæн:

Кæй аззад рохуаты, фæсфæд,

Хæзнайау, — ц ’агуырдтон мæхицæн.

 

Æмæ кæрдо бæлас, хъæддаг,

Кæй калы урс дидин Къуыдары;

Кæй нæ и царды раст фæндаг, —

Мæлæтмæ иу фæндаг кæй дары...

***

Ис иу хæрзконд, бындайраг чызг Къуыдары.

Нæй мисхал дæр йæ уды сконды хин.

Нæу модæмæ æмхиц æмæ нæ мары

Браслеттæ æмæ дзаумæттыл йæхи.

 

Изæрмилты зынгбарджытæ сæ худтæ

Фæтилынц уымæ. Хоны сæ хъæмæ.

Бæзджын писмотæ горæтаг рæсугъдтæй

Æнæввæрсонæй хаста уый мæнмæ.

 

Сæумæцъæхыл-иу зад кæрдæджы астæу

Бæгъæмзæнгæй хæнтурс суадонмæ цыд.

Кæл-кæлæй худт æмæ-иу дымгæ фаста,

Мæ фыдæнæн, йæ даргъ дзыккуты быд.

 

Хъысмæты фыдæх иударон нæ хæссы:

Мæ уды хъынцъым айрох и мæнæй;

Æрцыд рæстæг, æмæ та хохаг къæсы

Мæ Уастырджимæ сидтысты сæнæй.

 

Мæ дард фæндагмæ сусæгæй, уæзданæй

Æрцыд мæ фæстæ ’фсæрмыгæнаг чызг.

Йæ уадултæ сыгъдысты стонг рæдауæй,

Тын-уылæн кодта сау цæстыты зынг.

 

Куыд нæ схъиудтой тæлфаг бæхтæ сæ быны

Сæрæн гуырдтæн — нæ сæм дардта йæ хъус.

Æз та куывтон мæ уды хъæр, мæ зыны:

Фæлæуу-ма, рæстæг, иу уысмы бæрц. Цъус.

 

Арв йæ ехс ныдздзæхстæввонгæй дары,

Рудзгуытыл — рæубын æртæхты кау.

Къæвда уары. Бур цыхцырæг зары.

Зарæг уый нæ фæкæны æвгъау.

 

Къæвда уары. Афтидкъуым хæдзары

Чидæр бады. Ссардта уым æнцой...

Къæвда уары. Бур цыхцырæг зары:

— Нал и, нал и зарæджы дæ кой!..

 

Нал фыдæх дзырд, нал зæрдиаг бустæ.

Дуне — гоби, гом быдырау, раст.

Къæвда уары, дзуры лæджы хъусты:

Уæдæ ма цы хорзмæ у дæ каст?..

 

Арв ныннæры. Ехс ныззилы дардыл.

Буц та чи нæу а зæххыл фынтæй, —

Арв нырттивы — лæг йæ хус ком дары

Цыхцырæджы урс-урсид былтæм.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 52 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
КÆЙДÆР ХÆДЗАРЫ| ЭКСПРОМТ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.01 сек.)