Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

АФТИД ИНГÆНЫ РАЗ

ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | ХЪÆУУОН ЧЫЗГÆН | ЦИГАЙНАДЖЫ МОНОЛОГ | Чиныг «Хъысмæт æмæ зарæг»-æй | AElig;РМАХУЫР ÆХСÆРÆГ | ДУГЪОН БÆХ | МÆ РОХ КЪУЫМ | ХÆХХОН ХÆДЗАРЫ | ХЪÆУУОН МЕЛОДИ | УÆТÆРЫ |


Читайте также:
  1. ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС
  2. ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС
  3. ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС
  4. СЫЛГОЙМАДЖЫ ХЪАРÆГ ЙÆ УАРЗОНЫ ИНГÆНЫЛ
  5. ЧЫНДЗДЗОН ЧЫЗДЖЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС

Ехх, цы диссаджы афон

Райхъал малусæг — мур.

Рог ыл тауы йæ аууон

Афтид ингæны дур.

 

Схойы рухсы тын — уылæн

Мæры, хъазы бынæй.

Мады иунæг хъæбулæй

Уым æртхутæгдæр нæй.

 

Уахъæз узы, æмпъузы

Халмæ кæрдæджы хал:

Ацы фарны æнусы

Хорзæн сау фыд — æмбал.

 

Уæд цы охыл фæзындтæ,

Садд, æнæбын ингæн, —

Ног та цæргæс æхсыны

Прометейы игæр?..

 

Кæд мæлæты хæс иууыл

Сау сыджыты раз нæу,

Æмæ судзаджы зиуы

Хæст æрымысыд дæу?..

 

Уахъæз узы, æмпъузы

Халмæ кæрдæджы хал:

Ацы фарны æнусы

Хорзæн сау фыд — æмбал.

 

Иры тохвæллад риуыл

Зилы хъарæг рæувад, —

Уый кæд дымгæ нынниуы,

Кæнæ саударæг мад?

 

Кæд мæлæт æмæ цардæн

У сæ быцæу — хæлæг.

Зæххæн хъахъхъæнæг, уартау,

У æнус-æнус лæг?

 

Уахъæз узы, æмпъузы

Халмæ кæрдæджы хал:

Ацы фарны æнусы

Хорзæн сау фыд — æмбал.

 

Зæрдæ, сусхъæдау, уигъы

Сусæг сагъæсты мæт:

Ам æнæвæугæ ивгъуыд

Ис мæнæн дæр ныгæд...

Февраль, 1975.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 57 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ФЫЙЙАУ ЧЫЗГ| ФÆСРИВАД

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)