Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

УÆТÆРЫ

БЫДЗÆУ | БОНЦЪÆХТЫ | ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | ХЪÆУУОН ЧЫЗГÆН | ЦИГАЙНАДЖЫ МОНОЛОГ | Чиныг «Хъысмæт æмæ зарæг»-æй | AElig;РМАХУЫР ÆХСÆРÆГ | ДУГЪОН БÆХ | МÆ РОХ КЪУЫМ | ХÆХХОН ХÆДЗАРЫ |


Хус къалиуты сусæг ныхас

Урс цæхæрæй хъуысы.

Аджы фынк кæны фысы бас,

Сойдзырагъау сысы.

Мæй та мигъты цзуджы ’мбæхсы,

Бур-бурид рæуæдау;

Мæн дæуæй мæ къах нæ хæссы,

Хорз фыййау, нæ рæцау

Равцисæм — хъуынтъыз арахъхъæй

Бангæстæ уа зæрцæ.

Сомы дын кæнын: нæ вæййы

Урс-урсид изæртæ.

Æз дæу не стыхсын кæндзынæн

Иугæндзон ныхасæй.

Ма мын дзур, ды дæр фыдзымæг

Чъиу куыд кæныс назæй.

Ацы гом дунейы абон

Æз кæнын тæрсæгау:

Къухæй ацъелф кæны амонд,

Мигъдалынг кæсагау.

Цард у даргъ, æви уысмы бæрц,

Махмæ уый нæ хауы.

Ды мæнæн бæззыс фысымæн,

Уазæг дæн — æгъдауыл.

Ма мæ фæрс уæдæ мæ номæй,

Цæхх æрызæр басыл.

Хъусыс, хиуа Фарны комæй

Рахиз фарсæй уасы.

***

Уæлыгæс хæхбæстæ. Уымæлвад уæлвæзтæ,

Сæ саггæмтты — саудалынг кæмттæ.

Лæгуын къæйтæ — хурмæ фæтавынц сæ фæрстæ, —

Фæзарынц æхсæрдзæнтæ гъæйттæй.

 

Нарæг къахвæндæгтæ уырынгтæ-уырынгтæй

Фæлæгæрдынц айнæджы сæрмæ.

Æхсæрдзæн уынæргъы, — йæ тæссонд цæссыгтæ

Ызгъалы цæргæсы фæхъæрмæ.

 

Тæхгæ-узгæ цыдæй та хомвад байрагæн

Бæзджын фынк ысисты йæ фæрстæ...

Нæу царды ныфс рохы. Мæн ацы фын рагæй...

Сывæллонау, сайы йæ фæстæ...

 

...Гъей, хурты хурзæрин, сызгъæрин тын рауадз, —

Æз царды ронг нуазын йæ хъуырæй.

Ис дунейæ ме ’хсæн сæрсæфæны ауæдз —

Гæпп кæнын йæ сæрты æмырæй!..

 

Æз рæстæг æвдæрзын, фæдисоны бæхау,

Йæ фидæрттæ ’хсынын дæндагæй.

Мæ сыгъдæг уарзт — ногдзыд, сæумæйы æртæхау,

Мæ хъару ыздыхсгæ уидагæй.

 

Æмгуыдын бæллицтæй, фыды фарнæй фарнджын,

Нæ хъарм зæххыл тавын мæ зæрдæ.

Æнæмæт лæппуйæн йæ хъыг дæр у адджын, —

Къул дарут йæ разы уæ сæртæ!

 

Мит уары хæхбæсты. Сырд ниуы ыстонгæй.

Мæрдонвæллад бакодта рæстæг.

Нæу царды ныфс рохы. Мæн хæхты фарн ногæй,

Сывæллонау, сайы йæ фæстæ.

***

Мæ хо Марияйæн

Баргъæвсти къудзийыл уагъылы,

Урс митыл, тугау, сæлы.

Мæйы рухс рудзынджы къахырæй

Уатмæ æдзынæг кæлы.

 

Сусхъæдыл бахæцыд фадынæг —

Урс дзыгъуыр дары йæ зæнг.

Ох-хай, куыд ныддаргъ и а зымæг —

Ничи ис хъæумæ зынæг.

 

Куыйты æххормаг рæйд азæлы,

Фестъæлфы зæрдæ æваст.

Скув-ма, мæ рæдау хо, баназæм,

Иударон макæ дæ маст!

 

Ма кæс, нæ цырагъ куыд баризы, —

Хъазы дзы уддзæф — дзæгъæл.

Скув-ма, чысыл ныфсæн а изæр

Рухсаг гыццийæн зæгъæм.

 

Дон дæр æрывæр нæ хъарм фынгыл,

Лауыз цæхдонимæ ’рхæсс.

Курын дæ, иунæг æнкъард хъуыды

Ма хæсс дæ куывдты æрмæст.

 

Аивæй ма кæс нæ комы ’рдæм,

Фасы уым митдзыкку уад.

Уырдæм та ацæудзæн бонырдæм

Уазал сыджытмæ нæ мад.

 

Кæрты нæ иунæг бæрз баризы,

Хъуысы йæ фæлмæн къæс-къæс.

Уый кæд фæндаггон æрбахизы...

Уый кæд... Гыццийы хъæлæс...

 

Гъей-джиди! Сидзæры амондæн

Цард дæр куы нæ у фæрæз!..

Баззад ма цъус дуг æрбабонмæ

Æмæ ныууазал нæ къæс.

 

О, мæ хо, ма ку, æрхуымæй ма

Кæстæры батав, цæмæй

Ахсæв фæлмæн уд æрфынæй уа

Мады хъæбысы фæрнæй.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 44 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ХЪÆУУОН МЕЛОДИ| ФЫЙЙАУ ЧЫЗГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.015 сек.)