Читайте также: |
|
Ныдзæвы мыл дæ мид-зæрдæйы сагъæс:
Уæ арт ныххорз и пецы æмæ тъизы.
Дæу байрох и æндзарын? Ме ’рдæм ма кæс, —
Къæмдзæстыгæй дæ цæсты хаутæ ризынц.
Дæ тызмæг фыд йæ уазæгæн рæдауæй
Лæггад кæны: физонæгæй, арахъхъæй.
Хъыг æм кæсы, кæй нæ кæнын уæлдайдæр
Æз, иннæтау, йæ карз нозты хъыхъхъагæй.
Æппæлынц мæ дзырддзæугæ бригадиртæ:
Уæ сæрдарæй, дам, æз ай-ай лæгдæр дæн.
Йæ ахуырдзау хъæбултæй иу дæн Ирæн, —
Цæмæн хъæуы мæн, уыдонау, уыгæрдæн.
Мæ хъауджы ды цы фестъæлфыс фыдæхæй,
Дæ хивæнд мад куы раппæлы йæ чызгæй.
Ныууадз æй, ма тыхс: æз фæдæн æнæхай
Æнусбонтæм уæ артдзæсты тæвд зынгæй.
Æндæрты уарзтон... Уарзтвæллад рæсугъдты!..
Мæ афтид риу мæ сæфт митæн æвдисæн.
О, уыдон ма, мæнау, фæлмæндзырд удтæн
Фæзонынц хорз мæнг æнкъарæнтæ ’вдисын.
Мæ цæстыты ныббадт æнуд, æдзæм мигъ,
Дæ разы æз мæхи мæхицæй хизын.
Мæ зæрдыл ма дæ сыгъдæг уд лæудзæнис,
Къæмдзæстыгæй дæ цæсты хауты ризын.
***
Цъæх æрдузы тымбыл кафт кодта хъæд,
Тæгæр бæлæстæ арвы ’рдæм лыгъдысты;
Уымæл кæрдæджы аныгъуылди фæд,
Цырæгътау ыл дыууæ къахы сыгъдысты.
Æнæмæт æмæ рог ызгъордта чызг,
Йæ уæнтыл хур, сæрбæттæнау, æртыхсти.
Æнахуыр цин, æрхæндæг уды рыст
Йæ цæстыты, дыууæ ’ртахау, рызтысты.
Нæ алыварс та хъомпал кодта хъæд, —
Фæскъæвда феггуырст минхъæлæс æвзæгтæй.
Куы-иу сызнæт и хъæд, йæ къухтæй уæд
Æвнæлдта хъавпв бæлæстæн сæ зæнгтæм.
Мæлдзыджытæн ыснарæг и сæ уд,
Узæлыд сыл — куыйтау сæ кодта хъыззы.
Æваст бæрзонд фæцыд йæ ризгæ худт, —
Ыстыхст йæ цæсгом хæлуарæджы хызы.
Ыстæй сындзпакъуы ахсыныл фæцалх,
Сæрфта-иу æй йæ зынг былтыл, йæ рустыл;
Æдзынæг каст, мыдыбындзыты бал
Куыд æрбатыгъта дидинæг йæ къусчы...
Æмæ та уæд ныуулæфыди арф,
Мæ уæхскыл мын йæ къух æруагъта цадæг:
Кæс-ма, дам, кæс, куыд цъæх-цъæхид у арв,
Фæллад зæххыл куыд хорз фидауы уалдзæг!..
Æмæ æцæг: лæгæрста хохыл хур.
Хылдысты рæгътыл урсдзыкку æврæгътæ;
Кæцæйдæр сауцъиу зарыд; къохы цур,
Хъуыррытгæнгæ, ыстъыгътой кæрдæгбæхтæ..
Мæ разы та лæууыд æрхæндæг зæд,
Æрвæрдынау рæсугъд æмæ сæрыстыр...
Æз та — æрра, æз ын лæхурдтон уæд,
Куырыхон лæгау, уарзоны ныхæстæ.
***
...Вæййы, æрцæуы: талынг изæр комы
Ысниуы уад, рæхойы митын арцæй.
Æндæвд къæхтæй фæцуды лæг — нæ зоны,
Фæцæуа ма, йе раздæха йæ балцæй.
Æмæ йæ цæсгом митхъæпæныл ’руадзы,
Йæ балцвæдтæм нымдзаст вæййы æнкъардæй.
Нæ фæзоны, йæ хивæнд миты руаджы
Фæлыгъд æви йæ хъизæмайраг цардæй,
Фæллад мигъау, æрбады ивгъуыд зондыл...
Дæ хъыг зæрдæйæ иунæг фарст уæд сысты:
Æппæт адæмæй бакодтой дыл хъоды,
Æви дæ чидæр, хи удау, фæмысы?
Æмæ уæд, хурау, ауайдзæн дæ цæстыл:
Сæрдыгон изæр дард фыды къæсæрыл,
Дæ зæронд мад бæстон хуыд ног куырæтыл
Æвæры дзуар йæ бинонты кæстæрæн.
Дæ мидфынæй дæ фехъал кæндзæн уасæг,
Нæ зондзынæ — кæм дæ, цы хинты малы:
Дæ сæр ысурс æви фыццаг хатт уалдзæг
Йæ мидбыл худгæ хъарм цæссыг ызгъалы?!.
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 53 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | | | ЦИГАЙНАДЖЫ МОНОЛОГ |