Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Балты денджыз зымæгон

МÆ РАГОН, МЕ ’РЫГОН ИР! | МÆ КАРÆН ХÆСТОН | НЫСТУАН МÆ ФЫДÆЛТÆМ | ПРОМЕТЕЙ | СÆРИБАР | КЪУЫДАРГОМЫ ЗАРÆГ ХАЗБИЙЫЛ | ИЗÆР | ИУНÆГ КУЫДЗ | ЗÆРОНД БÆХ | ХОХАДЖЫ ЗАРÆГ |


Читайте также:
  1. IX. Балты
  2. ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ
  3. ДЕНДЖЫЗЫ МАСТ
  4. ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ
  5. ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ
  6. ИЗÆР ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ

Ныссалди денджыз. Их уарт æй æхгæны

Æмæ хъæрзы бæзджын ихы бынæй.

Æргъæвст кæсагдзау зарæгау ныккæны

Йæ судзгæ рис хъæрæй.

 

Мæ сæрыл, урс рыгау, æнæсцух уары

Лыстæг æгъуыз мит... Ам,

Æвæццæгæн, нæртон сæрд дæр нæ хъары

Лæджы зæрдæмæ хъарм.

 

Нызмæлы денджыз, баст галау, йæ кæхцы

Æмæ нынкъуысы арвгæрæттæм их.

Уый кæд йæ урс хъадамантыл нæ хъæцы

Æви фæци мæ сих?

 

Мæ зæрдæ та йæ рагон хъару мысы, —

Кæйдæр риссаг нæу бабыхсын йæ бон.

Мæ дæс æнгуылдзы ихы бын фæтъыссын,

Фæлæ у их... æндон!..

 

Æмæ та ног цæрын... Мæ уды ’ууæнк

Цæуы, цæстырухсау, мæ разæй.

Мæ зæрдæ — рог, мæ сау катай — мæ фæтк,

Мæхицæй никуы уыдтæн разы.

 

Фæрныг дунейы райгуырдтæн лæгæй,

Лæджы хъару мæ фидар уæнгты смал и...

Бæсты хæрзтыл нæ кæнын зыд. Уæвгæ,

Мæ уаг ивынæн ныр амал дæр нал и...

 

Фæрдыджы рухсау, у мæ цин æргом,

Кæмæндæрты æлгъыстаг у мæ ном та.

Зæрдæвæндоныл никуы дардтон ком, —

Æмæ цæуынц æвæстагæй мæ бонтæ.

 

Уæддæр мыл, ма кæ, ма фæрай, мæ бон, —

Æз митыл дæр æрытауын мæ лыстæн

Æмæ цæрын... Мæнæн у цард æхцон, —

Мæ ном нæ уыдзæн адæмæн æлгъыстаг!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 59 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
СЫРДДОНЦЪИУЫ ХЪАРÆГ| ДЕНДЖЫЗЫ МАСТ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)