Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ХОХАДЖЫ ЗАРÆГ

КУЫДЗЫ МÆЛÆТ | МÆ ИРЫ КЪÆС | МÆ РАГОН, МЕ ’РЫГОН ИР! | МÆ КАРÆН ХÆСТОН | НЫСТУАН МÆ ФЫДÆЛТÆМ | ПРОМЕТЕЙ | СÆРИБАР | КЪУЫДАРГОМЫ ЗАРÆГ ХАЗБИЙЫЛ | ИЗÆР | ИУНÆГ КУЫДЗ |


Читайте также:
  1. ГИТАРÆЙЫ ЗАРÆГ
  2. ДЖУСОЙТЫ АКИМЫ ЗАРÆГ
  3. ЗАРÆГ
  4. ЗАРÆГ ПОЭЗИЙЫЛ
  5. ЗАРÆГ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ
  6. ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ
  7. ИРЫСТОНЫ ХЪАЙТАР ДЖИОТЫ ВЛАДИКЫ ЗАРÆГ

Дымгæ бæрзы урс дзыккутæ фасы.

Арвы цæстыл, бур ыстъæлфау, — мæй.

Æз дæуимæ хины уарзтæй хъазын, —

Уымæй макуы рахъаст кæ мæнæй.

 

Уарзыны ’рдæм нал тасы мæ хъару,

Зæрдæ сабыр, афтид у фæндтæй...

Æз дæуыл мæ рагбонтæ фæлварын, —

Агурын мæ рагбонты хъæнтæ.

 

Ды — уæздан, хæрзконд æмæ сæрыстыр,

Цонджы хъулыл н’аххæссид дæ рон.

Æмæ сты дæ зынг былтæ, дæ рустæ

Над кæйдæр цæстæнгасæй — хъулон.

 

Донхæрисы къалиутау, дæ хъæлæс

У сыгъдæг, рæсугъд æмæ æнкъард.

Иу дæ сих кæддæр мæнæй нæ фæлмæст,

Фæлæ мæм уыд, арвгæронау, дард.

 

Уарзта уый мæ хохаджы хуыз, ме знæт.

Худæг-иу ыл бафтыдта мæ загъд.

Уыд фæндон йæ зæрдæйæн нæ фембæлд.

Фæлæ кодта уый æдзухдæр тагъд.

 

Æмæ иу бон, сонт зæдау, мæ рæзты

Бурдзалыг лæппуимæ фæраст...

Æз — рæстаг, ныттагъди туг мæ цæсты,

Баныгæдтон зæрдæйы мæ уарзт!..

 

Уый фæци, фæлæ цы уыд мæ рæдыд? —

Рох нæ кæны абон дæр мæнæй.

Уыцы лæппу афтæ хорз цæмæй уыд,

Уый мын ныр æнæбазонгæ нæй!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 56 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ЗÆРОНД БÆХ| СЫРДДОНЦЪИУЫ ХЪАРÆГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)