Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Хохаг куыдз денджызы был

НОГ АЗЫ ФЫНТÆЙ | AElig;НХЪÆЛМÆ-ИУ КÆС | КÆМÆНДÆР | СÆРДЫГОН ИЗÆР | ДОНЫЧЫЗГ | ИЗÆР ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | ХÆДТÆХÆДЖЫ | МÆН ЧИ УАРЗЫ, УЫМÆН | НАЛ МÆ УАРЗЫС | СЫЛГОЙМАДЖЫ ХЪАРÆГ ЙÆ УАРЗОНЫ ИНГÆНЫЛ |


Читайте также:
  1. БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ
  2. ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ
  3. ДЕНДЖЫЗЫ МАСТ
  4. ИЗÆР ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ
  5. ИУНÆГ КУЫДЗ
  6. КУЫДЗЫ МÆЛÆТ
  7. ХОХАГ ЗÆРОНД УС

Хъæддаг куыдз, дзæбидырау алвæста гуыр,

Сæвджынтæ, бæзхъуын æмæ уыгард хæцъæфтæ.

Йæ фезмæлд — цæхæрау. Тызмæг у йæ хуыз, —

Цæмæйдæр нæ райы йæ зæрдæ.

 

Хъуымыздзых къæбысæй уый чидæр — хæддзу —

Æрхаста йæ къæсмæ фыр буцæн,

Куы рахъомыл, гъе уæд дзы сфæлмæцыд:

— Цу,

Цæр курæггаг муртæй дæхицæн!..

 

Бæргæ ма фæцæуид, — нæ зоны кæдæм?

Ам й’ алварс цъæх быдыртæ, денджыз...

Йæ сæрыстыр, йе ’гъдау нæ сафы уæддæр:

Æппæрст дзулы хаймæ нæ фесты.

 

Фыдфыны хуызæн куыйты, сабитау, ам

Фæхæссынц сæ къухæлгътыл адæм.

Фæкæнынц сын пъатæ, уæд уый та йæ царм

Ныууигъы, ныууынæргъы уадау.

 

Туристты хæрæндон хæринагæй — дзаг,

Лæг кæд дæ, æрæхгæн ыл ричъи!..

Уæзбынæй фæхæры фысымау йæ фаг,

Куыдзау æй нæ ратæры ничи.

 

Фæлæ та куы сысты йæ алфамблай тар, —

Цæст хионау нал хæцы иуыл,

Уæд мысы йæ мады дæлвæдджиты хъарм,

Æгомыг Хуыцауыл фæниуы...


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 55 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ХÆДЗАРЫ ФАРН| ЦИН ÆМÆ МАСТ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)