Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

СÆРДЫГОН ИЗÆР

ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | ЧЫНДЗДЗОН ЧЫЗДЖЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | ФЫДЫ РÆСТДЗИНАД | СФÆЛДЫСТАДЫ УЫСМ | МАРДЫ УÆЛХЪУС | СОНЕТ КАДЫ ТЫХХÆЙ | ЗÆРЫ БОН | УАЛДЗЫГОН РАЙСОМ | НОГ АЗЫ ФЫНТÆЙ | AElig;НХЪÆЛМÆ-ИУ КÆС |


Читайте также:
  1. ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ
  2. ИЗÆР
  3. ИЗÆР ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ
  4. РУХС ИЗÆР
  5. СÆРДЫГОН ИЗÆР
  6. ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР

Æрфæлмæн и. Æрфынæй хъæд...

Йæ цæссыг тадзгæ-баргæ хауы.

Ыссæуы мæй. Чызгау, фæсвæд

Ысхæцыди йæ цæсты хаутыл.

 

Фæсобау комы дон нæры,

Цыма ныр байгом и йæ хъæлæс.

Йæ фарсмæ хæристыл, мæгуыр,

Ныр талынг баппæрста йæ пæлæз.

 

Цъæх æрдузы сырх-сырхид уырс

Ыссæнды байрагимæ кæрдæг,

Хуыцау, куыд асасти мæ ныфс,

Куыд нæуæндаг ысси мæ зæрдæ,

 

Æндæр та иуварсырдæм фехс

Дæ нымæт æмæ иу сæррæттæн

Ызнæт æфсургъы рагъыл фест,

Куыд дæ фæсадза уад йæ фæттæ.

 

Æмæ дæ сабыр къæсмæ тæх,

Цæстныкъуылдмæ дæ фарсмæ балæуу, —

Йæ фæстæгтыл куыд кафа бæх,

Рæсугъд — йæ фезмæлдæй, йæ хъалæй:

 

Дæ цурмæ бацу-иу хæстæг:

— Æри-ма мын, чызгай, дæ донæй! —

Цæмæй йæ базонай æцæг

Кæй мысын дæу æхсæвæй-бонæй...

***

Мæ мад Хуыгаты Софяйæн

Мит уары ног, Гыцци!

Æз та дæ ингæн мысын...

Ныр афонмæ уым ахæм уард кæны,

Æмæ хæхбæстæй иу цъипп дæр нæ хъуысы, —

Нæ гæмæх хъæу уæлмит-уæлих сæлы.

 

Дæ уæлмæрдыл ма даргъкъабаз бæлæстæ

Сæ гом хихтæ æрытыгътой, мæгуыр...

Ныууасы халон. Ничи ис æввæхсты,

Кæдæм хæссы æххормагæй йæ гуыр?!

 

Æгуыппæг. Сабыр — дуне. Уагъылы ма

Сырх фæздæг калы... Рох мæсгуытæ — пырх...

Кæд лæг цæуы, цы хуыздæр ын амал уа

Гъе уый фæдыл: лæмæгъ — йæ ныфс, йæ тых!

 

Дæумæ-иу уæд кæцæй æрцыди хъару, —

Дæхи рисæн куы нæ зонай кæрон,

Уæд кæн лæджы йæ фыдазары сабыр,

Æррæвдау æй, — уа саби, йе зæронд.

 

Нæ — мад, нæ — фыд... Нæ дæм фæдардтой хъус,

Дæу нæ базонгæ атындзыдтой мæрдтæм...

Дæ хъæбултæ, кæмæй уыдтæ фыр буц,

Фæхастой, мæ хур, горæтмæ сæ сæртæ.

 

Дæ хъуыды уыд: куыд мæгуырæг у лæг,

Кæд царды цин йæхицæн дæр нæ уарзы

Йæ цæст! — Кæмæ кæныс хæлæг,

Дæ хæрзамонд — дæ куыст æмæ дæ зарæг!

 

Сæттын, Гыцци... Ныр худæг у, бæгуы,

Цы зоныс, ууыл гоби лæгау дзурын:

Рæсугъд амонд уа, хорзæхты ысгуы

Сæрæн лæппу æрзайын кæны дурыл.

 

Æрцыд нæ царды амонды кæрон,

Уæззау мит ныр дæ ингæныл ныххуыссы.

Рæхджы нырттивдзæн бон, æмæ-иу зон:

Бæсты кæроныл дæу дæ хъæбул мысы!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 56 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
КÆМÆНДÆР| ДОНЫЧЫЗГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)