Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

УАЛДЗÆГ

ЗЫНГГУР ГÆЛÆБУ | ЦАРДЫ ЦИН | ГОРÆТЫ НЫВ | СОЛЬВЕЙГ | СЫЛГОЙМАДЖЫ АМОНД | СЫЛГОЙМАДЖЫ ФÆНДОН | ЗАРÆГ | ФЫДÆНХЪÆЛ | ИЛАС ÆРНИГОНЫ МОНОЛОГ | РАЗДÆХ |


Читайте также:
  1. УАЛДЗÆГ

Нымпылди, фистау, тæгæры цъæх сыфтæр,

Къæвдайы саха уазалы ныттар.

Ныргъæвсти уалдзæг. Ды мæнæй фæцыдтæ, —

Мæ амондыл цыди, мæ хур, дæ бар.

 

Сылгоймаджы уарзт рог вæййы, мæнгæфсон.

Бæрзы цонгау, дзыгъуыртæ у йæ монц.

Дæ уарзтыл нал и дзырд, фæлæ мæ ныфсæн

Ды ахастай йæ рагбонты фæлгонц.

 

Цæуыс мæнæй, — тæссонд æмæ сæрыстыр, —

Дæ цæстыты фæсмоны катай, сар...

Цы нæ вæййы, фæрыстæ кæд мæ рыстæй,

Уæд-иу мын æй, мæ рох дуне, ныббар.

 

Цы саразон, — гуымиры хохаг, сонт лæг, —

Уыд ме ’хсызгон æнæнхъæлæджы тас.

Æз"уарзтон дæу æмæ-иу кодтой бонтæ

Мæ цардимæ фыдæбоны ныхас.

 

Ныффæллайы лæджы хъуыдытæй рæстæг,

Фæлæ сыл зæрдæ никуы кæны тагъд...

Æз мысын: къæвда алыгъди дæ фæстæ,

Дæ дзыккутæй цæстысыгимæ тагъд...

 

Æрфæлмæн и, ныр у бынтон æрмахуыр

Мæ калцæг уд... Нæ дзырдтон никуы цъар,

Æмæ зæгъын: ды кæй сæвзæрстай, ахæм

Уыд ме ’нæуынон рагбонты хæлар...

***

Сыгоймагæн

Зын кары ысвæййут, кæй уарзтæуы, ахæмтæ!..

Уæ рæсугъд, цæмæ тырны лæг,

Нæ лæууы, сæлфынæгау, абадæй-ахæрмæ, —

Фæкæны уын цума хæлæг.

 

Хæрзаивы ном та къæлæуы дæр хъарм дары!...

Бæрзонд Нефертитийау, рафты

Уæ фидыц, нымбæхсы,

Æнцъылдтæ дзыгъуыр цармы

Пылыстæг куыд ныгъуылы,

Афтæ!..

 

Æвзонг дæ ды!.. Цæсты рухсау, æвзонг дæ!..

Куы ма фæйлауид ме ’фсургъæн йæ барц,

Уæд, чи зоны, мæ цард, мæ цыбыр бонтæ,

Дæу мысгæйæ, æрцыдаиккой хардз.

 

Фæлæ уый нæй... Зыгъуыммæ у мæ зæрдæ,

Æхсоныдурау, — артмондаг, нымæг...

Мæнæй дæ рох, мæ хъуыды та дæ фæдыл

Цæуы, пылау йæ рагбонтæ уынæг...

 

Хæрзæбон у!.. Дæ къæс мæ зынæй сафтид,

Æндæр та йæм рæубазырæй тæхин...

Фæрнæй-иу цæр, мæн куыд фæндыди, афтæ,

Кæй ’рымысыдтæ зарæгаудæхи.

***

Нæ уарзтай мæн, фæлæ мæн дæ!..

Уынæрау — сæтæлæджы хъузджы,

Нызмæлы денджызы зæрдæ, —

Тыхсы, бырсы, рæмудзы...

 

Мæ номæн ферохгæнæн нæй:

Ызнæт, æнæсæрæн, æгадæй

Цы зыдтой ме ’мгартæ мæнæй,

Уый растдзæн, хур бонау, йæ рады.

 

Æмæ ды радзурдзынæ мæн,

Фынау, дæ мид-зæрдæ тæрхоны.

Цæрынæй амонд нæй лæгæн, —

Цард хъуамæ баззайа йæ номыл!

 

Фæстаг балцмæ куы уа мæ фæнд

Сæрддон мæйрухс æхсæв Къуыдары.

Уæд-иудæм, амондау, æрхъарæд, —

Ды уарзтай мæн!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 46 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
СЕ ЗНАГЫЛ МÆ ЧИ НЫМАЙЫ, УЫДОНÆН| ФЫСДЖЫТЫ ХÆДЗАРЫ ÆХСÆВГÆС

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)