|
Мæ хорз ызнаг! Дæуæй та ма уæд рох:
Нæ зæхмæ æз лæджы номыл æрвыст дæн!
Мæ удимæ дзæгъæлы уыд дæ тох,
Мæ мæлæтмæ дæр ма счъил кæ дæ дыстæ!
Уæлæуыл мын куысты нæ уыд æнцой,
Сыхагимæ нæ уыдтæн æз фыддзæрин, —
Æмæ куы уа рæстаглæгæн йæ кой,
Уæд дзы ныхас мæ номыл дæр уыдзæни.
Мæлæн мын нæй! Фæлдисæг æрдз мæнæн
Ысхай кодта æвæджиау хæрзиуæг:
Мæ къухты фарн, мæ зæрдæйы фæлмæн
Мæрдты дæр мæн нæ ныууадздзысты иунæг!
***
Паддзах дæ ды!
Цæр иунæгæй, поэт!
А.С. Пушкин.
Дæу ничи бамбардзæн, поэт!
Лæгæй дæ удæн нæй æвдисæн...
Нæ зæхх у саби, сах — нæ хъул, —
Цы дæтты, уый фæстæмæ исы...
Æз дæн поэт, фæлæ, поэт,
Ирон зæлтæй нæ арын рифмæ
Дæ номæн. Иунæг уысм — дæ фенд,
Пысырайау, кæны мæн хивæнд...
Ды иунæг дæ!.. Æмæ-иу цæр,
Цы къуымы баталынг уа, уа ран!
Дæ уд-иу сис хуынау, дæ хъæр
Уадз Удисæджы удмæ хъара!..
Мæлæтмæ хорзы ном нæ каст
Æмæ йын макуы ’ууæнд йæ ардыл, —
Дæ куыст куы уа хъуырттхъом нæ цардæн,
Уæд-иу дзуары лæгау раст!..
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 48 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ФЫСДЖЫТЫ ХÆДЗАРЫ ÆХСÆВГÆС | | | ФÆЗЗÆГ НÆ ХÆХТЫ |