|
Лæгау-лæгæн сæ бацамонын — тас.
Сæ фыццаг у: дæ уайдзæфæй нæ цуды,
Тæнзæрдæ, барон. Стæй кæны ныхас,
Уæд хъус æмæ гуыбыныл хæцгæ худай.
У дыккаг хин. Фырдиссаг у йæ конд:
Хæссы йæ лæмæгъ, бонзонгæйæ, уартау:
— Цы мæм хæцут, куы ницы у мæ бон,
Чысыл мæ къухтæ атавон уæ артмæ.
У æртыккаг бынтон диссаг: уый зоны,
Кæй ницы у, уæддæр нæ сæтты — дур.
Ныр цу æмæ сын карз ныхæстæ дзур, —
Зылынджынау æрлæуу сæ разы зоныг.
ФÆНДИÆГТÆ
Цыбыр цард никæмæн уыдис...
Лæгау-лæг цурон ми нæ зыдта,
Æвзæр-иу хъама дæр ныззылдта,
Фæлæ сыл ничи кодта дис.
Хъæрмуд цард никæмæн уыдис...
Лæгау-лæг ыл фæдис нæ кодта,
Æвзæрæн — къухыл нымад бонтæ,
Фæлæ сыл ничи кодта дис.
Фæндонхорз никæмæн уыдис,
Лæгау-лæг, мидбылхудгæ, бастау,
Æвзæры рог хъуыдытæ барста,
Фæлæ сыл ничи кодта дис.
Æнцой цард никæмæн уыдис...
Лæгау-лæг — уаз, æвзæр та, сонтау,
Къæбæрыл былыцъæрттæ хордта,
Фæлæ сыл ничи кодта дис.
Цы кар-иу сæ æркодта зондмæ, —
Хъуынæй дзы нал атондзæ хъис, —
Æвдисæн дугтæ æмæ бонтæ,
Сæ тæрхон сау ингæн ыссис...
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 43 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР ГОРÆТГÆРОН | | | ЦÆЛЫ ФЫНГЫЛ |