Читайте также: |
|
Цæлхъзард, быцæу... Нæй сидтытæн æмбал,
Хæрзæввахс чидæр ассадта йæ кæрдтæ,
Сæ азарæй ныууынæргъыдта гал,
Мæ фарсмæ бадæг акалдта йæ хъал:
Цæл кæнынæн æй галы богъ хъыг дардта.
II. Цæсты фæзилæнтæ
АИВАД
Хуыцауæн нæ! Дæуæн кæнын æз табу...
Мæлæтау — карз, æрвæрдынау — рæсугъд,
Мæ сираг бæх кæны, æлгъыстау, фаддзу, —
Дæ галуаны раз басыди мæ уд.
Цы сагдæртæ нæ хъавыдысты уымæ
Фыдæй-фыртмæ, фæлæ сыл уад кæуы.
Йæ цъуппыл та, — æнæрвæссон, ызгъуыммæ,
Бæстырæсугъд сæрбæрзондæй лæууы.
Мæ ныфс, тæргай сывæллонау, фæлидзы,
Нынкъуысы тары дурвæдджимæ хох,
Æмæ та йын йæ фалгæрæттæ уидзын,
Æмæ та ног æрдынæлвæстæй — тох.
Уæдæ, кæд у уæларвбæстæ æнæдон,
Нæ дзы æрзайы удыхосæн сæнк.
О, аивад! Дзæнæт мын у дæ зындон,
Ды, кæнæ æз! — Уый у мæ уды фæтк.
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 42 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
МЕ ’РТÆ МАГУСА ХÆЛАРЫ | | | МÆ НЫСАНЫ БÆРЗОНД СТЪАЛЫ |