Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Мæ нысаны бæрзонд стъалы

ХÆРЗИУÆГ | ФÆЗЗÆГ НÆ ХÆХТЫ | ДЗЫРДЫ ФАРН | ФÆСМОН | ФЫДЫ КЪÆС | ДЖУСОЙТЫ АКИМЫ ЗАРÆГ | МÆН ЧИ НÆ ЗОНЫ, УЫЦЫ ХÆЛАРÆН | ЗОНДАМОНÆН | ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР ГОРÆТГÆРОН | МЕ ’РТÆ МАГУСА ХÆЛАРЫ |


Читайте также:
  1. AElig;МÆ УÆДДÆР...
  2. AElig;НХЪÆЛМÆ-ИУ КÆС
  3. БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ
  4. БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН
  5. БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ
  6. ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ
  7. ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ

Отар Чиладзейæ

Хæрзбон. Æз басастæн, хæрын уын ард!

Ныфсæй — æххæст, фæсмонæй та — дыгъуырццæг.

Хуыцауы аххос нæу. Уыди уый цард,

Йæ рог сæнттæ-иу чи скодта мæ фыццаг.

 

Фæлæ цы уыди, уый уыди... Уæнгрог

Мæ къух зылдта æнæтæбын æлхуый.

Мæ цард та цыд. У гæххæттæй дæр рох,

Йæ хинтæй мæ цы рæстæг давта, уый.

 

Мæ загътатæ сты ницæйаг, лæмæгъ,

Кæд-иу мæ рис æргом загътон, гъе, уæддæр

Мæ нысаны бæрзонд стъалы фæцъæх,

Уæд æм, куыдзау, фæтоны дзырд йæ бæттæн.

ПОЭТЫ МАДЫ КЪУХТÆ

Арын дзы сомихаг поэт

П. Севакъы мады ном

Лыстæг æнгуыддзтæ. Се стджытæ зынынц,

Сæ тугдадзинтæ — цъæх. Фæзæгъынц: рухс сæ хъары.

Сæ армыдзыхъ — æнцъылдтытæ, хырыз,

Хуымы ауæдзау, хус тæлмытæ дары.

 

Кæддæр-иу сæ тымбыл уырзтæй уæндон

Бæсты рæсугъд йæ даргъ дзыкку æрфаста;

Æвзонг мад сыл — йæ уды рухс, йæ бон, —

Цы уаз хъæбул, цы саг лæджы фæхаста!..

 

Фыдбон, зынтæ йæ цæрайæ цы сты...

Фыры хъулау-иу фесхъиудта сæ уæлæ.

Ныр къухтæ сты æрттæдæларм рыстæй:

Йæ райгуырдау ын мад уыны йæ мæлæт.

 

Æз сын фæлмæнæй пъа кæнын, фыртау,

Тыхурæд богъ-богъ мæн нæ уадзы цухæй...

Уæззау цæгъды, зæрдæрисгæ мыртау,

Тæпп-тæпп кæнынц поэты мады къухтæ.

МÆЛÆТМÆ

Бестауты Гиуæргийæн

Гъеныр нал дæн поэт...

Цард мыл разылди зондæй.

Фаг у ’мбисмæ йæ фенд, —

Сцух мæ цыбыркъух бонтæй.

 

Гъей, рæстæюар мæлæт,

Ныр дæуыл баст у зæрдæ...

Кæн дæ разæй тæлæт

Рог мæ райстбавæрд фæндтæ.

 

Сау дымгæмæ ныддар

Ме ’ргом уды бæллицтæ.

Æз кæмæй хордтон ард,

Уыцы Ир мыл фæрисдзæн.

 

Ныр — æгасæй дæр дæу,

Нал дæн, буцау, мæ фынтæй,

Амонд агургæ нæу,

Рох — мæ цинтæ, мæ зынтæ.

 

Нæ, дзæгъæлзад мæлæт,

Нæу дæ цагъар мæ зæрдæ.

Кæд дæуæй кæнын зæд,

Уæд æцæгæй æвзæр дæн.

 

Уадз, мæ Иры къæсыл

Зæрдæ судза, æрттива.

Зон: дæ талынг къæсыл

Нæй Фыдыбæстæн ивæн!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 47 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ЦÆЛЫ ФЫНГЫЛ| БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)