Читайте также: |
|
Милдзырагъ æмæ удæнцой уавæр.
Уад йæ базыртæй исы цар.
Цæй, дæ хуыздæр зæгъинæгтæ равæр,
О, мæ уæздан хæлар!
Пецы зынгыл ныффутт кæны картоф,
Цыхт ныббур и, зæронд мæйау... Уадз,
Уа кæмæндæрты ныр фынафон,
Махæн не ’хсæв — бæллицты æрмадз.
Карз дунейы ракетæты ’хситтæй,
Уды рухс фæндты ивы зонд...
Цæй, цы ма расайон мæ сидтæй,
Фæлæ, уадз, æмæ афтæ фод...
О, дунейы фарн! Дæ кувæг адæм
Иунæг хорзыл кæнæд фæдис:
Кæд цæрæм, уæд — фæрныгау, адæн:
Фынгыл дзул куыд уа, къухы — сис.
Хорз фыдæлтæн сæ зондæй — арфæ:
Бон — куыстыл ифтонг, изæры — зард, —
Æмæ макуы уæд уарзтæн рафтæн,
Кардмæ мачи ыссонæд кард.
Æз мæ уды зынтыл ныхъхъæцин,
Лæг куы хæрид мæ номæй ард.
Фæлæ иугæр дæ куыст нæ фæци
Удæн — удæнцой, уæд фæраз!
Иунæг хорзæх мæ бафæндид Ирæн;
Уадз, лæгдзинадмæ уæд хæлæг.
О, Хуыцау... Ехх, хуыцæуттæ сты бирæ,
Цæй, кæмæ ма дзы бакува лæг?..
НЫФС
С. Есенинæн
Мæ уд ыскалцæг низтæ æмæ даутæй,
Быцæутæ, нозт æмæ фыдæх — къæрцхъус,
Мæн бадомдтой. Мæ куывд ма у Хуыцаумæ:
Ныууадз мæ цъус, æнæтæргайæ, цъус!
Æмæ та ног уыдзынæн уæд мæ тыхыл,
Фыддон-фыддуры сау къæйау, æмæ
Уыдзæни фыст мæ рæстдзинад мæ ныхыл,
Мæ риссæгтæ нæ хæсдзынæн хъæмæ!
Æртæ хорзы нын рафæлдыста æрдз:
Лæгæн уа аргъ, уой уарзт æмæ æууæнк.
Æз тугæй фидын удисæджы мызд,
Кæд у йæ сар — йæ растдзинады фæтк.
Æууæнд, фæлæ кæуыл? Дæ зындзардæй тæрсы
Дæ рагхæлар, æвæры та дæ милмæ.
Дæ сау бецыкмæ рæстæджы къух зилы:
Йæ урс хил фесты хорæйхаст уырсау.
Ис уарзт, фæлæ кæм у йæ аккаг лæг
Йæ лæмæгъæй, æвæрæзæй, йæ сонтæй!..
Сылгоймаг та? — нæ райстбавæрды бонтæй
Фæхъазы уый, стæй нал цæуы хæстæг.
Лæгау-лæгæн æцæг лæг кæны аргъ,
Æндæр козбау, лыскъзæрдæйæн, цы давы,
Ис уымæ мулк — сыгъзæринвæлыст саргъ,
Гуыр-гуырон артмæ чъизи къухтæ тавы.
Кæд афтæ у? — Дæ зынтæ иугай равæр,
Фæрæты комæй ног нызгъæлы чырс,
Æмæ-иу зæгъ: куыд æгуыдзæг дæ, уавæр,
Дæ разы ис
Мæ тугисæг —
Мæ ныфс!
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 73 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
КЪУЫРМА КОМПОЗИТОР | | | AElig;МÆ УÆДДÆР... |