Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

СВЕТЛАНÆЙÆН

ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР ГОРÆТГÆРОН | МЕ ’РТÆ МАГУСА ХÆЛАРЫ | ЦÆЛЫ ФЫНГЫЛ | МÆ НЫСАНЫ БÆРЗОНД СТЪАЛЫ | БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ | КÆМÆНДÆРТЫ | КЪУЫРМА КОМПОЗИТОР | ПОЭТЫ ФЫНГЫЛ ЗЫМÆГОН | AElig;МÆ УÆДДÆР... | НЫЙЙАЗÆЛД |


Ног æрфынæй ис горæт.

Миттæ — дзугæй, фыстау.

Хъуыды зилы дæу хонæг —

Уый йæ рагон æгъдау.

 

Ехх, кæд раздахæн нал и

Дæу — цы давы фæсмон?

Мæн лæппуйау, цы бар и,

Стæй цы бауа мæ бон?..

 

Уагæр, чи уыди ахæм,

Уый цы зæд у къуырма,

Æмæ ма зона махæн

Нæй фæхицæн нырма?..

 

Цард рæстæгмæ у, зонын,

У зæрдæйы фæндтæй.

Фæлæ демæ зындонмæ

Дæн ныры онг цæттæ.

 

Ныр дæ рæсугъдæй чи у

Буц, кæй мæсыг кæлы,

Уый цæмæй зоны, цинтæ

Ды фæкæныс мæныл.

 

Уый фæлдисæгæй куры

Иу хорз: уарзай йæ цъус!

Уæд дæ цæстæнгас дзуры:

Гъа-ма, дзур æмæ хъус!..

 

Къул æрхæцы йæ худыл, —

Дзаг у мулкæй, сæнæй,

Фæлæ никуы дæ удмæ

Уымæн баххæссæн нæй.

 

Ды, сæууон хурау, уаз дæ,

Уый æргомæй зæгъын:

Цас мæ цæстæй у дарддæр,

Уас æввахсдæр кæны!..

КАЛОТЫ ХАЗБИЙЫ ФЫСТÆДЖЫТÆ КÆСГÆЙÆ

Ехх, куыд буц уыди йæхицæй

Саг ирон лæппу, мæ зынгыл.

Сты йæ зын æмæ йæ цинтæ

Ирд, цыкурайы фæрдыгау.

 

Дзырд — æлвæст, фæндыры хъисау,

Зарæг сис, цы кура зæрдæ...

Царды хорз æмæ йæ риссаг

Хъуамæ бахиза мæлæтæй.

 

Дун-дунейыл нæй фæцудæн,

Ууыл афтæ тынг æууæнды

Æмæ сау нæмыг йæ цыдæй

Уый цур сагъдауæй фæлæууы.

 

Мæй та, бурдзыкку, ысхилы...

Фенцад хæсты хъæр рæстæгмæ,

Уæд йæ сис рæсугъд æрзилы

Уды сагъæссаг ныхæстæ.

 

Хъæу. Ирон хæдзары, къуымы,

Бады, сидзæрау, йæ гыцци...

Уарзон чызгæй рох нæу фыны:

Хъæццул асхойы, ныббуц и.

 

Фод уæ зын сурæг мæ фыстæг,

Не ’хсæн нæу мæлæт дæр арæн...

Хæст фæци, уæд уæм зындзыстæм,

Багъæц, æз кæнæ мæ зарæг!..

ИРОН САЛДАТЫ ФЫСТÆГ, МАДЫ ГУЫБЫНЫ ЧИ БАЗЗАД, УЫЦЫ ФЫРТМÆ

Фæлмæн дымгæ миттæ хæссы —

Уый топхосы сау рын, фæздæг у.

Лæгмæ ам цы амонд кæсы

Атакæйы размæ — бæрæг у.

 

Сæнтулæфт — рæстæгмæ мæ бар

Кæм цæуы мæ цардыл... О, табу!

Къæдз-мæдзы дамгъæтæй мæ цард

Ныффыссон дæ номыл, мæ хъæбул!

 

Нæ базыдтон дæу. Ды та мæн

Нæ базондзæ никæд. У разы

Фыды ном æгъгъæд у фыртæн,

Фыдтæн

Фыд мæрдты дæр фæразы.

 

Тагъд растдзæн гуымыдза мæлæт,

Фыдбылыз у, калмау, йæ маргæй.

Дæ цардыл куы нæ кæнин мæт,

Уæд уый митыл ахуыр дæн рагæй.

 

Дæ сæрмæ-иу ма ’рхæсс кæуын,

Дæ зæрдыл-иу бадар:

Фыддарды

Дæ фыды нæ фæндыд мæлын,

Уæлдайдæр та —

Марын.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 57 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС| ИРОН ХЪАЗТЫ МЕЛОДИ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)