Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Ирон хъазты мелоди

МЕ ’РТÆ МАГУСА ХÆЛАРЫ | ЦÆЛЫ ФЫНГЫЛ | МÆ НЫСАНЫ БÆРЗОНД СТЪАЛЫ | БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ | КÆМÆНДÆРТЫ | КЪУЫРМА КОМПОЗИТОР | ПОЭТЫ ФЫНГЫЛ ЗЫМÆГОН | AElig;МÆ УÆДДÆР... | НЫЙЙАЗÆЛД | ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС |


Читайте также:
  1. I. Аккорд. Четырехголосный склад. Мелодия и гармония. Виды голосоведения
  2. Заигравшись, я нашла для себя какие-то новые нотки и новую мелодию и сама от себя того не ожидая, стала петь. Слова сами ложились на музыку и складывались в стихи.
  3. Любимые мелодии прошлых лет
  4. Пластинчатые мелодические ударные инструменты
  5. Призвание – это уникальная мелодия, которая звучит в вашем сердце
  6. Уровень внешней формы. Речевая и ритмомелодическая организация художественного текста

Æрц-тох!.. Къæрццæмдзæгъд.

Фесхъиуы хæрдмæ,

Йæ къухтæ сисы арвæмбæрц

Рæуцагъдмæ,

 

Ныззилы кафты зиллаччы

Цæрдæг,

Йæ рæсугъды раз

Къахфындзтæ æрсадзы.

 

Ныккæрзы чызг:

О, ме скæнæг Хуыцау!..

Йæ хорз, йæ уынд,

Йæ комытæф у маргау...

Нæ Ирæн та

Йæ цин дæр у быцæу:

Рынчын дæ — нæ,

Æрттивай хъуамæ авгау.

Ныддыз-дыз кæны,

Телхъæдау мæ гуыр,

Уæздан сæгуытау,

Хъазтастæумæ рахиз,

Цæй кафыныл дæ!..

Гъе, уæддæр, мæгуыр,

Дæ уарзоны

 

Хылы дзæмбытæй бахиз.

Уæд уый лæууы

Дæ хион чызджы раз,

Йæ худæг дзырдæй

Чызг кæны тыппыртæ.

 

Æз та бæллын:

Хуыцау, о, ма у карз

Йæ фидæнмæ, йæ фæдонмæ —

Мæ фыртмæ!

Нæ зиллаччы та

Кафгæ, нæ —

Тæхы

Сæрæн лæппу,

Хæссы йæ тæргай

Йемæ:

— Кæд уый хуыздæр у, —

Цæстæнгас зæгъы,

Мæ уарзон уд,

Цæй бафæлвар нæ

Гъеныр!..

***

О, уый æз дæн фæссихоры аууонау

Бæрзонд фæзуатæй рауадзы йæ тын

Цæмæй дæ уды удвидайраг комы

Æрытауа йæ сагъæстæ, йæ зын.

 

Æмæ, тæппуд гæдылæгау, дæ къæсы

Кæны йæхи йæ хъæстæгтæй сыгъдæг.

Лæгау-лæгæй та басгуыха дæ цæсты —

Дæ риссæгтæ дын ма хæсса рæгъмæ.

 

Сæумæйæ ног ныууадздзæни дæ артдзæст,

Йæ зæрдæ фенцой, уадзы дын йæ рыст.

Дæуæн дæ цæссыг сусæг-æргом уардзæн,

Хуыздæр уавæр дын нæу Хуыцауæй фыст.

 

Æмæ та цудгæ, расыгау, тæргайæ

Фæндаджы былæй иунæгæй цæуыс.

О, уый æз дæн, хæрзамондмæ бæлгæйæ,

Йæ амонды уысм чи нæ зыдта, уый.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 49 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
СВЕТЛАНÆЙÆН| ДÆУÆН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)