Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ДÆУÆН

ЦÆЛЫ ФЫНГЫЛ | МÆ НЫСАНЫ БÆРЗОНД СТЪАЛЫ | БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ | КÆМÆНДÆРТЫ | КЪУЫРМА КОМПОЗИТОР | ПОЭТЫ ФЫНГЫЛ ЗЫМÆГОН | AElig;МÆ УÆДДÆР... | НЫЙЙАЗÆЛД | ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | СВЕТЛАНÆЙÆН |


Зын мæм кæсы: ды ферох дæ мæнæй.

У хиуарзон нæ рухс дунеыскæнæг:

Лæджы хорзæх йæ кувæндæтты нæй

Æмæ кæны нæ риссæгтæ хуымæтæг.

 

О, афтæ нæу. Нæ амонды зæдæн,

Дæллаг галау, фæбадти туг йæ цæсты,

Æздæм, тæргайау, нал цыдтæн æввæхсты,

Дæ саглæгæн, гъе, уый пайда фæдæн.

 

Ныр нал исын Хуыцауы раз мæ худ, —

Хуымгæнæг хор нæмыгæвзæрстæй тауы.

Æндæрты уарзтыл бацайдагъ мæ уд

Æмæ сæ лæг дæу æнхъæлæй рæвдауы.

 

Фыдæлгъыстау мыл сагъуыди мæ кар,

Мæ мастыл цæхх мысинæгтæй ызæры.

Фæнды ма мæ: дæ зæрдыл-иу мæ дар...

Кæй уарзтай, уымæй нæ, æвзæрæй!..

СЫЛГОЙМАДЖЫ ХÆЛÆГ СЫЛГОЙМАГМÆ

Уæлмæрды нывтæй

Мæрдвыны дæр рæсугъддæр дæ мæнæй, —

Æрдуйы хидæй нарæгдæр — дæ астæу...

Цы зæд, цы дуаг дæ сфæлдыста, уæууæй,

Сылгоймæгты зæрдæйы низæн, мастæн.

 

Æз ус уыдтæн, уыди мæ лæг та дæу,

Ныр мæнæ, гъе, йæ цæссыг рустыл уары.

Йæ кæуынмæ æммарой сисы хъæу,

Фæлæ дзы нæй мæнау йæ рис æмбарæг.

 

Ныр-иу дæ хорз мæрдты зындоны ив

Фых лауыз æмæ доны къусыл, гадза!

Лæгау-лæгты ма аивæй фæлив

Дæ рæсугъдæй, фæлæ ма фезмæл, марадз!

 

Мæн та, дæу тагъддæр бавæрой, фæндид,

Фæлæ мæ уый дæр нал фæнды, мæ боныл...

Уæззау тъыфылтæй, сау сыджытау, мит

Ныффæлдæхы дæ урс-урсид цæсгомыл.

***

Цы ма дæ хъæуы мæнæй?

Сылгоймаджы уайдзæф

 

Æз рынчын дæн дæуæй æмæ уаз дзырдæй.

Цардæн йе ’ннæ хъуыддæгтыл — æнæмæт.

Æмæ иунæг фæлдисæджы бардзырдæй

Мæнæн ме ’намонд у мæ дзæнæт.

 

Иунæг уат æмæ хибар фыддзæрæны

У мæ удæн æхцондæр.

Уд та адæмы даутæй ныллæзæры, —

Сты фæдисæттау бонтæ.

 

Æз цы уарзтон фæндиæгты разагъдæй:

Ном — æнæсайгæ æмæ дæ артдзæст.

Ном ыссардтон мæ хорзæй нæ, карддзагъдæй,

Уд, дæумæ бæлгæ, баргъæвст.

 

Ныр мæ хъуыды дæу мысыныл нал хъæцы,

Фæлæ, оххай, мæ зæрдæ — дæ зæрдæ,

Æз дæ къæсмæ мæрдты бæстæм, багъæц-иу,

Ног зындзынæн... Æз афтæ æвзæр дæн!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 44 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ИРОН ХЪАЗТЫ МЕЛОДИ| ХÆХБÆСТЫ АРГЪАУ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)