Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Чеселтгом

КÆМÆНДÆРТЫ | КЪУЫРМА КОМПОЗИТОР | ПОЭТЫ ФЫНГЫЛ ЗЫМÆГОН | AElig;МÆ УÆДДÆР... | НЫЙЙАЗÆЛД | ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | СВЕТЛАНÆЙÆН | ИРОН ХЪАЗТЫ МЕЛОДИ | ДÆУÆН | ХÆХБÆСТЫ АРГЪАУ |


Поэмæ

Нырттивы рæсугъд бон. Цæвæгдастæй — рæгътæ.

Сæрсæфæныл цъæнут йæ бурдзыкку фасы.

Æлвыд фыстау, цудгæ, рæубазыр æврæгътæ

Ныххал ысты коммæ, ныккалдысты цъасы.

 

Рæхджы та цæудзысты сæ бадæн æфцгуытæм.

Арв ирд у, цъæх-цъæхид, куырм уыджы цæстытау.

Лæбырды сæрмæ та — фыдæлты мæсгуытæ,

Сæ дæлвад — хæдзæрттæ тъæпæнсæр фæлысты.

 

Дæлиау та комы, къæдз-мæдзы бæндæнау,

Ызнæтæй уынæргъы фынкбæрзæй æрра дон,

Йæ уылæнтæ фехсы къæйдурты бæрзæндæй,

Йæ уæззау тъæппытæн сты дуртæ фæразон.

 

Лæгъзбынты фæлæууы. Фæсабыр йæ мæстаг.

Йæ дыгъал-дыгъултæ цæстныкъуылдмæ фесты.

У ахæм сæумæйæ, дзæнæты бæстæйау,

Мæ Иры чысыл къæс, мæ фидыцы Чеселт.

***

Æрыхъал и бæстæ, фæцæуы бæзджын хъæр,

Æрвнæрдау, уыраугæ ныййазæлы комы. —

Уый сиды йæ бæхмæ мыггаджы бæрны лæг,

Æхст фатау, — йæ байраг, цы ма йæ уромы.

 

Хур зилы хъæуи-хъæу. Йæ бæттæнтæ тоны.

Цъæл-хъæртæ. Куыйты рæйд. Сæ хъомвосы богъ-богъ,

У цинзæрдæ ног чындз: æфснайд у йæ къона,

Зымæгмæ æррæвдз и зæронд лæджы дзоныгъ.

 

Уыгæрдæны сæрмæ æрлæууыди хосдзау,

Йæ цæсгом цæхджын у йæ хиды фынчытæй.

Ныхситт кæны цæвæг йæ тых уа, йæ бонæй,

Хуырбынæй ыскалы цъæх-цъæхид зынджытæ.

 

Хур арвæмбæрц сыстад, уæд сихорафон у, —

Тынаууон, гæдыйау, йæ бур сойæ кайы.

Чъынды ус дæр искæд ыссары æфсонæн

Йæ зиууоны зæрдæ цъæх арахъ, дзыккайæ.

***

Изæрмилтæ. Хур та фæлыгъди йæ тæвдæй.

Уæнгрогæй фæцæуы йæ хæдзармæ хосдзау,

Чысыл саби кæрты йæ размæ фæвæййы:

Мæнæргъы, сæнчытæй у ронбастмæ йедзаг.

 

Йæ сау пæлæз кæмттыл æрытауы талынг,

Дзæнгæрæгау, комæй бæхы мыр-мыр хъуысы.

Æхсыры хъæндил та йæ ахуыр нæ халы:

Йæ ферттывд-фæзындмæ лæг ары йæ фысым.

 

Хъæу — циндзаст. Æртымбыл йæ боны фæдисæй,

Кæмæн у æхсæвæр, чи бады ныхасы.

Къæрццæмдзæгъдмæ фæндыр йæ рог зæлтæ сисы,

Рæсугъд чызг йæ ронбаст, æрдынау, нылвасы.

 

Ныссабыр. Нытталынг. Æрфынæй рæстæгмæ

Фыды къæс. Кæцæйдæр ма уыджы уаст хъуысы.

У ахæм æнцойæ, дзæнæты бæстæйау,

Мæ Иры чысыл къæс, мæ фидыцы Чеселт.

***

О, ахæм у Чеселт. Сæ комы зæрдæйау,

Тымыгъы цæуæнтыл æрынцади Хъола.

Цæргæс дæр æдасæй нæ тæхы йæ сæрты;

Куысты у æнæнцой, æхсæв уа, йе, бон уа.

 

Зындгонд у сæ уæзæг лæджымсæр æгъдауæй.

Бæллицаг — сæ уазæг кæсгон уа, гуырдзиаг;

Уый буц у, фæрныгау, фысымы рæдауæй,

Ирон бæгæныйæ, цæхх æмæ кæрдзынæй.

 

Бæззачъе зæрæдтæн сæ цуры— йæ бадæн,

Дзæбидыры сыкъа — æфсымæры нуазæн.

Ирон симды цагъд у йæ номыл, йæ кадæн,

Лæварæн цы исы — йæхæдæг æвзарæд.

 

Фæндагмæ æррæвдз и, уæд нал у сæ уазæг, —

Хъæбулау йæ фæстæ æнæхъæн ком расты...

Æмæ та ныссабыр сæ цæрæн, сæ уæзæг.

Бæрзонд арвы цæстæй — æнæхай сæ бæстæ.

***

О, ахæм уыд Чеселт. Йæ цæрæн, йæ асæй.

Цæдгалтау цыдысты йæ иувæрсты азтæ.

Зыдтой сæ æгъдауы сæ уæздан ныхасæй,

Лæгæвзарæн зиуы — сæ цæвæджы айстæй.

 

Зыдта сæ, фæскомы цы лæг уыди иунæг:

Йæ зыны — йæ уæлхъус, æрвадау, — йæ цины.

Нæргæ зарæг сисынмæ чи кæны зивæг;

Лæппу-лæг йæ кафты, цæргæсау, ныззилы.

 

Зыдтой сæ сæ бæхты фæдисон мыр-мырæй,

Сæ дурбыд хæцъæфтæй, тымбыл цонджы хъулæй.

Сæ хъуыды æмуд у сæ чызгæй сæ тырмæ:

Хъæбатыр зæрдæ у йæ амонд æмбулæг!

 

Фæрæзтой зыд лæджы талф-тулфытæн барын,

Нæ нымадтой ахæм быдзæуы ызнагыл.

Фæлæ дзырд куы цæуа сæ намыс, сæ бартыл

Уæд та-иу ысдзырдтой цыргъаджы æвзагыл.

***

О, ахæм уыд Чеселт. Ныр мæнæ мæ разы

Фыдæлты къæсæрыл сæумæйæ æрбабон.

Кæрдæджы къæбутыл цæппузыртæ хъазы,

Фыццаг хатт æрцыдтæн æз а къæсмæ абон.

 

Фæззыгон у. Хур ма æнæбары тавы.

Цы ма ис ам койаг: сæ царды фæзгъæртæ.

Хæлуарæг йæ тынтæ бæрзæй-бæрзмæ уафы

Хур зилы хъæуи-хъæу сæ иугай хæдзæрттыл.

 

Сычъийы цæуæнтæ, тæсауыгъд къæмбыртæ,

Сæрсæфæны тигъыл — æрдæгкалд мæсгуытæ.

Мæ сæнтты-иу Нарты бæстæйау кæй зыдтон, —

Ам ахæмæй ницы. Ныррæйынц ма куыйтæ.

 

Зæронд лæджы къæсы тымбыл фынгыл бадæм,

Нæ ивгъуыды коймæ йæ бадæнæй фесты:

— Мæгуыр у, лæг чи у

Йæ фыдæлты кадæй,

Фæлæ уый æцæг у: уыд ахæм ком Чеселт!..

***

У йæ хъал зæрдæйыл Чеселт,

Бон та хуры бæхыл алыгъд.

Зиууæттæ къæмдзæстыг не сты

Фысымæй, æрхъуызы талынг.

 

Чи йæ дауæнæй æппæлы,

Чи æлхынцъ ныхас æппары,

Чи та худæгæй фæмæлы —

Сиахс, дам, йæ цæвæг н’ ары.

 

Кæстæртæ сæ зарæг систой —

У цъæхснаг, нымæткъуы уисау;

Гагадыргъау, донхæрисæн

Уый зæлтæм йæ цæссыг ризы.

 

Зарæг у зæрдæйы уагыл,

Хъæу сæм рацæуы æгасæй.

У сæ цыд æгъдауæн рагæй

Хъолайы фæрныг ныхасыл.

 

Рухс у сабитæн сæ зæрдæ, —

Нæудзармыл хæцынц хъæбысæй.

Бадынц урсбоцъо зæрæдтæ, —

Ивгъуыд, рагон бонтæ мысынц.

 

Комы нарæгæй та сзыны

Бæх, тæхы хуырбын сыджытыл,

Фесхъиуы, цæст æй нæ уыны,

Раст цыма цæуы зынджытыл.

 

Афтæ фескъæры йæ бæхы

Хохаг лæг æрмæстдæр дугъы.

Ныр цы уа, цымæ цы зæгъы,

Топп цæмæ дары йæ къухы?

 

Уый Солтанбег у Къæбысты, —

Нымæт бæхы дымгæ сисы.

Уый йæ фыд Акайæ ’рвыст у

 

’Нæхъæн комбæстæм фæдисы.

***

Мæнæ бæх сæнтлæуд фæкодта,

Фестад фæстæгтыл, ныууасыд...

Судзгæ сау марой ныккодта

Йе знæт, сидæджы хъæлæсæй.

 

Рæвдз æрфистæг и йæ саргъæй

Барæг. Дугъоны ысуагъта.

Адæмæн йæ салам загъта

Æмæ хистæрмæ фæраст и.

Xистæр

Хорз хабархæссæгæн алкæд

Кусæрттаджы аргъ — йæ фыдбон,

Зæгъ, хъæбул, къæмдзæстыг ма кæ,

Фод мæ зæронд сæр дæ нывонд!..

Фæдисон

Хатыр бакæнут, хъæубæстæ,

Ды — нæ комбæстæйы хистæр,

Фæлæ ацы хатт, æлгъыстау,

Хъолайы æз дæн фæдисон.

 

Ехх, мæ дзырд дзырдыл нæ бады,

Маст мын агайы мæ зæрдæ...

Байдзаг ком, фыстау, æфсадæй,

Бирæ сты, хъæды сыфтæртау.

Xистæр

Чи сты уæд, мыггагæй, номæй,

Мах дæр зонæм сæ, æмбарæм?

Кæд ызнаг у, уæд цы домы,

Туг, мыййаг, сæ кæд нæ дарæм?

Фæдисон

Стыр уырысы паддзах сиды, —

У йæ бæрны лæг Абхазов, —

Хъуамæ мах æнус-æнустæм

Уæм лæггадгæнæг йæ разы.

 

Дзурынц: иунæг мах ма не стæм

Кънйæзтæ, паддзахæн фæсдзæуин,

Æмæ кæц нæ сæтты не ’хсар, —

Райсом тугуарæн кæнцзæни.

Xистæр

Æмæ мах нæ цонцжы фæрцы

Ам тыхамæлттæй куы цæрæм,

Уæд кæй бахъуыди йæ кæрцыл

Ног æмпъузæнтæ æвæрын?

***

Лæппу банцади, ныссабыр.

Хъæубæстæй нæ хъуысы цитт цæр.

Тохы бонæн —

Туг

Йæ фиддæн, —

Уый сæ алчи цæр æмбары.

— Ехх! —

Æрвнæрæгау фæцæуы, —

Растад, гъе, уæд Коцты Бега.

— Уавæрæй у æмæ — фенгæ,

Цард йæ кæроныл нæ фæуы!..

Гъæй, куыддын амардтæн,

Уастæн, —

Фæдисоны бецыкк фасы, —

Ау, куыд дæ бафтыдтой тасы

Уыцы паддзахы къæбыстæ.

 

Гъæйтт, мæ хо, æрцæгъд ма фæндыр,

Хосдзау изæрæй бæрæг у.

Райсом та хæцын кæй фæнды,

Уый дæр фендзыстæм: цы лæг у?

***

Тызмæг у, сабыр Хъолайы мæсыг, —

Йæ дуркъухæй æрысгары йæ фæрстæ:

Тæккæ райсом салдаттаджы нæмыг

Кæндзæн йæ хъæбулты æвæстаг.

 

Фæсхохмæ лидзы комбæстæ уа, хъæу:

Фæлмæн лæг, саби, ус æмæ зæрондæй...

Фæлæуу, лæппу! Тас царды амал нæу! —

Дæ рæстæг у, цы ма нымайыс бонтæ.

 

Æмæ ныссабыр Хъолайы мæсыг,

Æмæ та растад, гъе, уæд Коцты Бега:

Æмбаргæ чи нæу, чи зæгъы: тæрсы —

Мæ карды ком — йæ мæлæт æмæ йе ’гад!

Кæны тæрхæттæ Хъолайы мæсыг:

 

— Цы ’взара лæг? Йæ тох æви йæ тæргай

Хъуырман-абырæг Бегайы фæрсы,

Цыма уыд йе ’нæзонгæ рагæй.

Бега фæзæгъы

Ой,

Абоны бон у мæ уды æвдисæн:

Домбай уа, сырддонцъиу

Йæ фысым —

Мæ къона

 

Быцæутæ чи хæссы

Йæ хъамайы комыл, —

Бæстытыхау растæд,

Нæ мæм кæсы диссаг.

 

Ой,

Ма-иу ныккæнут, Къуыдаргомы дзыллæ,

Мæ бархи мæлæтыл

Æнамонды зарæг!

Уæ цумайы лæппу —

Уæлыгæс чысылæй, —

Цæссыгтæ нæ уарзта,

Йæ уды зын — хъарæг.

 

Ой,

Ацы зындоныл цы лæппу уа разы,

Нæ фыдæлты къæсыл

Цы лæг уа æнæмæт,

Æлгъыстаг уыдзæни

Нæ Иры Ныхасы,

Дзæгъæлдзу къæбысау,

Æрцæуæд

Йæ мæлæт!..

***

Хъуырман бадзуры

Ой,

Хъолайы мæсыг,

Бæласау, куы цуда,

Йæ фидар фæхсытæ —

Къæйдуры цæнгæттæй —

Æз — Тотойты Хъуырман —

Кæсдзæни мæм худæг,

Мæн исчи тæрсынтæ

Куы кæна мæлæтæй.

 

Æз, татайы цъиуау,

Нæ арвы бын — иунæг,

Æхсæв уа, йе, бон уа,

Фыдбылыз — мæ фысым.

Мæ райгуырдæй — сидзæр,

Мæ царды хæрзиуæг

Абырæджы ном у,

Мæ амонд нæ мысын.

 

Æз Иры къæсæрыл,

Пысылмонау — хадзы,

Рæстдзинадмæ хъавыд

Мæ зæрдæ, хуыснæгау,

Мæ сагъæс мæ,

Доны кæсагау,

Нæ уадзы

Ысдзурын! —

Цы мæм ис хуызæнау?

 

Лæгмæ, дам, йæ зылын

Фæстагмæ æрхъары...

Æвæццæгæн, раст у

Фæлдисæг, мæ боныл.

Æз ацы дунейы

Куы ницыуал дарын,

Уæд ма, гъе, цы маст у,

Хуыцау мæ цы домы?!

 

Солтанбег ныззары

Ой,

Уæлæ мæ дугъон

Фæсрагъæй ныууасы, —

Хъæбæрхорæй хаст у.

Мæ цонг ма йæ барцмæ

Куы баххæссид, уастæн, —

Гæрзбæндæнæй баст у.

 

Ой,

Абон лæджы ном

Мæныл дæр æруагъта

Йæ уæззау дзæмбытæ...

Мæ уарзоны къæсы

Хæрз дзæгъæлы, уæгъды

Ныгъуылын мæ фынты.

 

Ой,

Ацы дунейыл

Цы хуыцау æфсады

Мæн удхар, цæрынæй?

Мæ хистæртæ, — арвау,

Мæлын та сæ цуры

Лæппуйæн цы зын у?!

 

Ой,

Хъолайы мæсыг,

Цы мигъ дыл æрбады,

Тыхдымгæ йæ суры.

Цæрын мæ нæ фæнды

Æбарæй, æгадæй —

Сæрибардæн, хурау!

***

Æнæфсис чыргъæдау, ыстыр дуне гом у...

Йæ мыдыбындзытæ —

Пайдаагур адæм.

Мæ Иры йæ тых уа, йæ ныфсæй цы бон и,

Лæг цух ма йæ къæбæр

Кæд бахæры адæн?

 

Лæмæгъимæ сау лæг у карздæр, æбарон,

Йæ сыгъдæг фæндты йын

Нылвасы бæндæнæй,

Æнус-æнус Ирмæ у зулцæст йæ амонд.

Сты бонæй-бон

Тугыл

Йæ барты фæндæгтæ.

 

Тыхми у, тыхтона дæ къæбæр ыссарын.

Фыдзымæджы батул

Дæ къонайы, арсау.

Зын у, æви нæ, уый цы хуыцаумæ хъары! —

Нæ дзы тæрсы ничи:

Йæ фадат — йæ тас у!

***

Уыд афтæ раст дуне. Нæ ары йæ сæрфат

Лæджы ном — æнæбон,

Фæззыгон сыфтæрау...

Йæ сæрыл хæцын дæ цыфæнды куы фæнда.

Уыд ахæм раст дуне, —

Лæууыди йæ сæфтыл...

Уыд хæхты рæсугъ бон.

Сæ уды фæдисæй

Рæухъæлæба систой

Нæзбæлæстыл мæргътæ,

Ныффæйлыдта уахъæз,

Тæнбазыр æврæгътæй

Фæтдзæгъдæн къæдзæхтыл

Хъис нал хæцы хъисыл.

Ком байдзаг и, мигъау,

Бæстыдзаг æфсадæй.

Сæ бæхты дымджытæ,

Тырысайау, систой

Тох паддзахы номыл:

Нæу мастисæн, кадыл,

Æрмæст у уæлæхох

Лæджы уды рисыл.

Æмæ уæд ныууынæргъы

Хъолайы мæсыг:

— Гъей, дæлæ, æфсæддон,

Цы дын кæнын, уагæр?!

Цы хорз дæм фæкасти

Мæ сабиты цæссыг,

Мыййаг, кæд дæ зæрдæ

У йе ’мыдзаг маргæй,

Мæ къæбæр — хуычъыйæ,

Мæ хæдзар — мæ нымæт.

Куыд нæ мæм фæкодтай

Цæуынмæ та зивæг? —

Мæнæн дæр хуыздæйраг

Куы нæ у мæ хъысмæт,

Хæрздзæгъæлы зайдзæн

Æрвгæрон мæ иунæг.

***

Уæд ныййазæлыди комы

Тохы хъæр: Хуыцау та худы.

Лæг лæгæн сæттын нæ комы:

Нæмыг нæмыгыл фæцуды.

 

Бирæ бирæйæ æппæлы,

Иунæг —

Хиуарзон йæ рæстæй.

Æмæ тугвæздæг ныккæнынц

Чеселтæн йæ рагъ, йæ фæзтæ.

 

Мæсыг — уаз, йæ сæрæй судзы,

Сты ма уый бæрны дыууæйæ.

Бегамæ Хъуырман фæдзуры:

— Хæст фæци, фæлæ нæ фæуы! —

Æз бæргæ зонын:

Дæ цинаг

У уæлахизыл... Кæй фæнды?..

Цу, лæппу,

Ам у мæ ингæн, —

У

 

Æмæлæтмæ

Дæ фæндаг!..

Уæд æцæгæй растад Бега:

— Ау, нæ цард æрмæстдæр тох у? —

Æз мæлын, фæлæ мæ кардæй

Ничи баззайдзæни рохы!..

Бегайы зæрин æхсаргард

Аныхст утæппæт æфсады...

 

Чи мæлæты размæ арт уыд,

Чи та мысыди йæ мады.

***

Тызмæг у, сабыр Хъолайы мæсыг,

Хъæбулæй — цух,

Æнцой-æвыд — йæ къуымтæ.

Хæлуарæг раст йæ бæрзæндмæ кæсы:

Кæм æрытауа

Хурварсмæ йæ тынтæ.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 53 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ| ПОЭТÆН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.061 сек.)