Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ПОЭТÆН. Цы лæг у лæг, уый разыны йæ афон.

КЪУЫРМА КОМПОЗИТОР | ПОЭТЫ ФЫНГЫЛ ЗЫМÆГОН | AElig;МÆ УÆДДÆР... | НЫЙЙАЗÆЛД | ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | СВЕТЛАНÆЙÆН | ИРОН ХЪАЗТЫ МЕЛОДИ | ДÆУÆН | ХÆХБÆСТЫ АРГЪАУ | БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ |


Читайте также:
  1. ПОЭТÆН

Цы лæг у лæг, уый разыны йæ афон.

Нæй удæй лидзæн — саби дæр хынцы.

Дæ хорз, мыдау, нæ фæци? — искæй ма фау,

Цы не ’рцыд, ууыл мауал кæ хъынцъым.

 

Æрдынæлвæст у иудадзыг хъысмæт, —

Нывзилдзæни дæ сæрсæфæнæй коммæ...

Фыддæрадæн-иу ма бакæс мæ коммæ, —

Нæртон лæгау, цæргæсбадæн — дæ мæт.

 

Дыргъ бæласау нæ калы дидин тæрс

Цъæх уалдзæджы. Бæрзау дзы сой нæ тæдзы,

Фæлæ-иу уымæй макуы ма фæтæрс, —

Хæрзиуджытæ нæ дæтты цард æрмæджы.

 

Æмыздыхт — дуне, хосласæн бæндæнау,

Цы Уастырджи ма бакæна дæ мæт!

Йæ хуртыуан куы ракала хъысмæт,

Уæд-иу ын зæгъ: æвзæрæй дын цы фæдæн?

 

Бынæй дæ кодтой а царды зынтæ.

Дæ хъæбул-зарæг афоныл нæ райрæзт.

Фæлæ ныр дæ? Æви кæддæр уыдтæ?

Æрвæрдынау, поэты ном у райдзаст!..

АРФÆ

Мæ номыл — сидт! Мæ цæрæнбонтæ — бирæ!

Ут алцы мысынхъом, уæ хæрзтæ уæд æвзæрст.

Фæдисонæн цы лæппу бæззы Ирæн, —

Йæ къахы бынтæ уæнт-иу сойæ сæрст.

 

Ном кад нæма у, фæлæ кадджын ут,

Гæххæттæмбал куыд нæ хъæуа уæ номæн!

Хуыцауæй лæг цы æххуыстæ фæдомы,

Гъе, уыдон-иу уæхи фæрнæй кæнут!

 

Бæрцæй бæрæг уæ мæнг ныхæстæ фод,

Рæстдзинадыл куыд нæ кæнат æвдисæн.

Æмзæрдæ уæд дæ урссæр хæхты цот,

Куыд уа сæ цуры балцы зарæг сисæн.

ХÆРЗБОНЫ ÆМДЗÆВГÆ

Хæрзбон. Мæ цард мыл разылди, фынау...

Æмæ та ирвæзын йæ хорз, йæ фыдæй.

Æз ацы дзырдыл сахуыр дæн, цыма

Дзуары лæг йæ ахсджиагдæр куывдыл.

 

Хæрзбон... Мæ уддæ цæуæнты фæхъхъау!

Лæг-иу уæм макуы бадзурæд фыдномæй,

Мæ лæмæгъмæ-иу ма æрхæссут фау, —

Мæ хорхаст бæх лыстæг цæххæй нæ комы.

 

Къуыдары та æрхъуызы рæгътыл мит,

Мæ риуы — хур, рæуæрвитæн — уæ зымæг.

Мæнау уæ къул куы нал бахойа дымгæ,

Уæд-иу мæ номыл рауадзут уæ сидт!

 

Æмæ зæгъут, — æргом дзырды нæй къæм, —

Æмгæрттæ — карз, мæ зæрдæйы конд раст:

Кæй уыдтæн æз ызнæтæй дæр фæлмæн,

Сæрæй къæхтæм — нæ Иры хæхтыл баст.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 46 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ЧЕСЕЛТГОМ| ХУР, ХÆХТÆ ÆМÆ ДЕНДЖЫЗ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.008 сек.)