Читайте также: |
|
I
Уый кады фыдæлтæй фæхаста йæ фарн
Нæ Ирмæ, нæ абоны цардмæ.
Фæзынди-иу фынгыл — уæд арвы цæфау
Мæнг ныхасæй тарстысты Нартæ.
Фæлитой нæ базыдта уый ронджы гъæд, —
Ныссабыр-иу карз фынгыл дзыллæ...
Куы-иу дзырдта раст лæг, йæ былтæм ын уæд
Рæсугъд чызгау ивæзта былтæ.
Ныр мæнæ ныххус и фæндыры къæдзау,
Йæ хъуыры фыцгæ ронг ысмал и.
Быдзæуы ныхæстæм мах нал хæссæм фау,
Æмæ дзы ысхуыпгæнæг нал и.
Фæтчыгъæдæн ма йæ нæ фынджы кæрон
Тæрсæгау æрæвæры кæстæр, —
Нæу хистæры тасæй ысдзурын йæ бон —
Уæд фарны кæхц аззайы фæсвæд.
Æмæ уæд ныккæрзы дæлфадæй æцæг:
Кæм нæ уыди нартæм мæнгдзурæг,
Фæлæ-иу йæ ницыйыл басасти лæг, —
Бынат ма-иу ссардта сæ цуры.
Æргом дзырд куы кæна — фыдгулæн дæр аргъ,
Мæлæты фæндаг æм нæ кæсы.
Йæ бæхыл-иу ногæй уый бавæрдта саргъ,
Фæцыд-иу æвыдæй йæ къæсмæ.
Цы фæдæ, мæ хъæбулты рæзгæ фæдон! —
Кæд нал у фыдбон уа, фыддуджы
Рæстаг уды фарсмæ æрлæууын дæ бон,
Фæцæр уæд æлгъыстау дæ хъузджы.
Фыдвæды бæсты-иу æвæд истой Нарт,
Сæ цин уыд æхсаргарды азæлд...
Æгадæй кæд афтæ æхсызгон у цард,
Мæрдты уæд
Зындонмæ дæр
мабæлл!..
Гъей, дзагдар, бæстонæй цæуыл уыди дзырд? —
Кæд Иры хæрзæбон, нæ къæсыл,
Кæнæ та рæдауыл, — мæнмæ хауы куывд,
Æри-ма дæ кæхц, æз нæ тæрсын!..
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 59 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ТУРКАГ ИРОНЫ ХЪЫНЦЪЫМ | | | ФÆРАЗОНЫ ÆМДЗÆВГÆ... |