Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

МÆГУЫРГУРЫ САГЪÆС

ПУШКИНЫ ФÆЗ МÆСКУЫЙЫ | AElig;МДЗÆВГÆТÆ ÆРРА АМОНДЫЛ | AElig;ВРОНГ ХЪУЫДЫ | ИВГЪУЫД | ХОХАГ ЛÆГ БЫДЫРБÆСТЫ | ФÆСМОН | ФЫЦЦÆГÆМ МАРТЪИ | НОГ АЗЫ КУЫВД | МÆ АДÆМÆН | АЦÆРГÆ СЫЛГОЙМАГÆН |


Читайте также:
  1. НЫРЫККОН МÆГУЫРГУРЫ ЗАРÆГ

Æз нал кæнын мæ цардæй хъаст.

О, уарыд мыл фыд-зымæг миттæ...

Ныргъæвстæн-иу, фæлæ мæм каст,

Цыма мыл кодтой адæм цинтæ.

 

Ныр мæнæ гомгæрццæй лæууын,

Кæй ма хъæуы, бецау, мæгуыргур! —

Куы мæ нымаиккой, бæгуы,

Æз хор æрзайын кæнин дурыл...

 

Фæлæ ма чи дæн йе кæмæй,

Гъеуымæн хины лæг цы зоны?..

Æз — иппæрд рухс хурæй æмæ

Кæнын дæлдзинæг лæджы тона.

 

Кæддæр-иу чи кодта хæлæг

Мæ номмæ — ныр ыскъæры койтæ,

Æвæццæгæн, ысуадзылæг

Æрмæст мæрдтыбæсты йæ дойны.

МÆЛДЗЫДЖЫ МАСТ

Мæ чысыл хæрæфырт Къодоты Аринæйæн

Мит бæстыбæрзæндтæй уары,

Мæнæ пецы суг æндзары

Иу тызмæг мæлдзыг.

У йæ чысыл хо æдзæсгом, —

Уый нæ ныхсадта йæ цæсгом

Райсомраджы æмæ, кæс,

Ныр къуыбылæйттæ кæны.

Дун-дуне йæ сæрыл систа,

Чи ма йæ уромы, чи?

Иу хъæлдзæг ысси, ызгъоры,

Бырынкъ та фæцæвы хоры,

У йæ цард æнцад-æнцой:

Сой, сой, сой!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 40 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
АРАППÆН| МЫСТ ÆМÆ ХÆФС

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)