|
Мæхъхъæлон экстремистты тохы чи фæмард, уыдонæн
Уæ тох уыд нæ къæсы сæрвæлтау,
Æнусон — уæ намыс, уæ цыт.
Фæлмæн уын уæд, армытъæпæнау,
Нæ Иры сыджыт!
ХЪЫСМÆТМÆ
Цæуыс ныл, рагон зæдау, хинæй,
Нæ уды рис дæ мидис у!
Хуыздæр нæ чи вæййы, гъеууыл
Ныккалыс фидистæ,
Æмæ ныххуды уæд ызнаг
Йæ тæлфаг уæхсчытæй,
Гъеуый ма йын нæ уыди фаг
Нæ тохы рæстæджы.
Цæуыл ныууынæргъы поэт,
Гъеуый дын адæн у,
Уæд, Ир, æлгъыстаг у дæ цот
Хуыцауæй, адæмæй!
КÆСТÆРМÆ
Мæ кæстæр æрдхорд Дзеранты Захарæн
Мæ чысыл æфсымæр!
Куыд рæсугъд фынæй кæныс ды!
Дæ фезмæлд-фæзындæй,
Дæ цъæхснаг хуыр-хуырæй
Ныййазæлы дуне,
Æмæ мæхиуыл дæр, оххай,
Уæд бахæцы худæг уа, хуыссæг...
Ирон лæг, хæстон лæппу дæ,
Мæ уд фод дæ фæхъхъау, фæлæ мын
Куы уаид нæ Иры æнцойад,
Куы уаиккам хызт
Фыднæмыджы дзыхæй,
Фæсвæды цæфтæй,
Уæд ныртæккæ мах иумæ
Къуыдары цъæх-цъæхид бæрзæндтыл
Æркафиккам уадсур бæхтыл,
Æмæ нæ цинты-цинæй
Ныррухс уаид дуне.
02.02.93
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 41 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
РÆТТÆЙ ХЪАЗТ | | | ИРЫСТОНЫ ХЪАЙТАР ДЖИОТЫ ВЛАДИКЫ ЗАРÆГ |