Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ХЪАЗÆН НЫХАС

МÆГУЫРГУРЫ САГЪÆС | МЫСТ ÆМÆ ХÆФС | AElig;РДХÆРДТÆН | ЧЫСЫЛ НЫВ | ГÆДЫЙЫ ЛÆППЫН | УАЛДЗÆГ | ХАЛОН ÆМÆ УЫГ ХЪÆУУАТЫ | СÆРДЫГОН ИЗÆР | МАДЫ ЗАРÆГ | ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС |


Читайте также:
  1. AElig;РГОМ НЫХАС
  2. АЦÆРГÆ ПОЭТЫ НЫХАС
  3. ЗÆРÆДТЫ НЫХАС
  4. ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС
  5. ЛÆППУЙЫ ХЪАЗÆН НЫХАС
  6. МАД ÆМÆ ХЪÆБУЛЫ НЫХАС
  7. ХЪÆБЫСÆЙХÆЦÆН ГАУЫЗЫ НЫХАС

Мæ ус куырм куы уыдаид, æз та — къуырма, уæд нын æнцон цæрæн уыдаид: уый уынгæ нæ кодтаид йæ сывæллæтты бызгъуыр, бæгънæджытæй, мæн та, — мæгуыр мæ бон, — нæ равдæлдаид йæ тардзæгъдæнтæм хъусынмæ...

Мæ сиахс Теблойты Тнмафейы ныхæстæй

Æз куырм уыдтæн, бæгуы, —

Мæхицæн куы æвзæрстон къайаг:

О, кæд Джусойтæй у,

Стæй Нафийы хо,

Æмæ ноджы къуыдайраг,

Уæд кæм нæ кæсы амонд лæгмæ.

Ехх, лæппу, рæвдз фæлæуу, —

Загътон гъеуæд мæхицæн:

Зæхх сызгъæринæй — дзаг,

Цу æргомхъуырæй цардмæ! —

Æмæ алкæмæн дзур:

Ам мæнæй хуыздæр чи у?!

Фæлæ... Никуы ’мæ ницы...

Уæддæр та фæчиуын:

Мæ хистæр Нафийæн

Йæ æхца — йæ дзыппы,

Мæ бинойнаг (цыдæр мын куы хуынди?),

О, Варя!

Ногбоны куывды

Фæкæны йæ хъæбултыл цинтæ,

Мæн та уæд, зæронды хæррæгъау,

Ныппарынц мæ уаты.

ХАДЖЕТЫ ТАЙМУРАЗ!..

Цæй, уый та цы мысон?

Поэт, дам, у... Иу афон хъуамæ

Фæзына мæ къæсмæ,

Йæ разы, цырагъау, лæудзæни

Мæ дурын — цъæх арахъхъæй йемыдзаг.

Æниу уын æцæгæй куы зæгъон,

Уæд уыцы гуымыдза

Къуыдайраг

Нæ фæзындзæн никуы

Æвронгæй

Мæ мæгуыр къæсмæ...

***

Ахсæв ма ацу а къæсæй:

Æз дæу уарзын,

Ды мæн (кæй зæгъын æй хъæуы — рæстæгмæ),

Дæ лæг та æндæр кæйдæр уарзы.

О, хуыцæуттæ нæ уыдысты

Ахæм фыдракæндтыл разы,

(Кæд сæхæдæг фыддæртæ-иу кодтой, уæддæр),

Фæлæ мах та — зæххонтæ,

Нæ уды фарн байтауæм ахсæв

Нæ удты фæндиæгтыл...

Фынгыл цырагъ æрæвæр,

Ыссудза уый иу афон хъуамæ,

Æмæ уый рухсæй рухсдæр

Уыдзысты нæ сыгъдæг бæллицтæ,

Нæ уды æвæрæнтæ махæн...

Тагъд-иу ма кæ,

Макуыдæр бакæ фæстиат

Дæ райст-бавæрд дунемæ, —

Дæ уарзты рæсугъд къæсмæ...

Лæг цы иу мæлæт дары Хуыцауæй,

Уый тæссаг у йе — нæ,

Уый уарзты бæрзонд Хуыцау зоны:

Дис дæр-иу ма бакæ макуы

Уарзты фæндиæгтыл,

Никæд — фæсмон!..

***

Уæдæ куыд диссаг у нæ цард...

Фыдахин, ивылддонау, — рæстæг.

Дæ лæг — мæ хæлар, хордтам ард

Кæрæдзийæн... Ныр азты фæстæ

 

Кæны мах зонгæ. У æрмхæст

Йæ дыууæ рагæвдисæн удыл,

Æмæ фырамондджынæй, кæс,

Цæуылдæр сонт лæгау ныххуды.

 

Кæмдæр фæсхохы арв нæры,

Ныккæрзы сауденджыз, ысурс и,

Сындæг йæ уылæнты хъæрмæ

Æрвыгау былгæрон ныррухс и.

 

Раст афтæ кæд фæстиат зонд

Æваст ныррухс кæны нæ хъуыды:

Хуыцауæй ма цыфæнды дом, —

Дæ цард нæ баззайдзæн æвыдæй.

 

Дæ сыгъдæг зæрдæйы фæндтæ

Дæуæн дæхимæ дæр нæ хъарынц...

Зын мын у иу хъуыддаг уæддæр:

Нæ

Мæнг

Кæрæдзийæн кæй барæм!..

***

Рагæй нал федтон дæу —

Нал ис ивгъуыд, нал — фидæн.

Ныр дæу федтон — фæлæуу!

Гъа-ма, цы æмæ чи дæ?

 

О, дæ рæсугъд цæсгом! —

Æз дæу афтæмæй мысын...

Уаид циндзаст, æргом,

Раст мæ зæрдæйы рыстау.

 

Ды нæ кæнис, бæгуы,

Мæнæн хионау пъатæ.

Ды ныккæрзис, мæгуыр,

Уый уыд цард, æмæ раст у!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 35 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ХЪÆБЫСÆЙХÆЦÆН ГАУЫЗЫ НЫХАС| РÆТТÆЙ ХЪАЗТ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)