Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

МАДЫ ЗАРÆГ

МÆ АДÆМÆН | АЦÆРГÆ СЫЛГОЙМАГÆН | АРАППÆН | МÆГУЫРГУРЫ САГЪÆС | МЫСТ ÆМÆ ХÆФС | AElig;РДХÆРДТÆН | ЧЫСЫЛ НЫВ | ГÆДЫЙЫ ЛÆППЫН | УАЛДЗÆГ | ХАЛОН ÆМÆ УЫГ ХЪÆУУАТЫ |


Читайте также:
  1. ГИТАРÆЙЫ ЗАРÆГ
  2. ДЖУСОЙТЫ АКИМЫ ЗАРÆГ
  3. ЗАРÆГ
  4. ЗАРÆГ ПОЭЗИЙЫЛ
  5. ЗАРÆГ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ
  6. ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ
  7. ИРЫСТОНЫ ХЪАЙТАР ДЖИОТЫ ВЛАДИКЫ ЗАРÆГ

Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæ Дзугкойты Афассæйы 70 азы бонмæ

Æрдзы конд у: сæрсæфæн тигъыл

Нæ калы тулдз бæлас сыфтæр, —

Куы йæ æрра дымгæ ныууигъы,

Куы ризы къæвдайы фæттæй.

 

Нæй царды удæхцон фæндæгтæ:

Фыдхорзæй чи калы йæ бон,

Гъеуымæн дæр хъысмæты фæткæй

Нæу иуварс ахизын йæ бон.

 

Цæргæ-цæрæнбонты цы кæсы

Лæджы удмæ — фыдох уа, рис, —

Уый уыд мæ цæугæ царды афыст,

Фæлæ ма йыл цы кæнон дис!..

 

Цъæх-цъæхид арв. Фыдрæсугъд дуне,

Цы уа бæллиццагдæр дæуæй?!

Цы лæг дыл аудын нæ зоны, —

Мæгуыр у уый, уæууæй, уæууæй!

«Хъус уал аргъаумæ, хъус,

Мæ чысыл,

Йе æрфынæй у, мæ бон,

Æмæ дарддæр цы ’рцыди мыстыл,

Уый дын гæды зæгъдзæни сом!» —

 

Афтæ зарыди авдæны бастмæ

Мад йæ сабийæн. Бон фæкъул...

Уый уыдаид чысыл Афассæ

Йе — ирон мады худгæ хур.

Ныррыхыд уаддымгæ. Хъæриуыл

Æгæрон урс фынкæй фыцы...

Йæ сæрак дзабыртæ йæ риуы

Нымбæхста арф æмæ тындзы

 

Бæгъæввад саби-чызг рыг митыл

Йæ ахуырмæ: ныр уым, бæгуы,

Рæсугъд абетыл бон æрвитынц

Йæ карæнтæ... Æмæ кæуы...

 

Æризæр и, уæд та æхцонæй

Дæ роны дзабыртæ нывæр:

Гыццийы конд ысты, куы фæуой,

Уæд ма кæм уыдзæни хуыздæр?!

*

Нæ, фæндонæй сыгъдæг уды растмæ

Ничи æрхæссы фау, —

Уый уыдаид цыбæл Афассæ,

Йе — йæ мады æвгъау!

Цард у хъазт, æмæ кæй бон у

Бафæразын йæ зын:

Чи йæ зондæй Хуыцауы сконд у,

Чи — йæ лæмæгъæй хъæрзы!

 

Иу бон?!

Нæ æнус дæр мастыл

Никуы æркæны къæлæт,

Æмæ чи кæмæй уыди растдæр,

Уый фæзæгъы æрмæст мæлæт!

 

Ацы азарæн ком нæ дæтты

Иу æцæгдзинад: уарзт...

Уый фæхæссы Азау йæ сæнтты

Сау ингæнмæ йæ хъаст.

 

Нарæг, хуры тынау, йæ астæу,

Цæстæнгасы — бæрзы сойы ад....

Уый уыдаид хæрзконд Афассæ

Йе — ирон чызджы кад!

Лæг нæ цæры йæ иунæг фæрæзæй,

Цасфæнды йæ фæлгъау, —

Уый Госæма фæзынди,

Йæ тасæй

Сау лæджы хуыз

Ныссау!..

 

Уый нæ кувы хуыцæуттæн, азтæн,

У йæ цæстæнгас — судзгæ фат...

Уый уыдаид тызмæг Афассæ

Йе — Хæсанæйы мад.

***

«Ахсæв ма бафынæй у, гино,

У мæ хъæбул, цæкуыйау, мур...

Уадз дæ аргъæутты фæрцы фена

Уый йæ мидвыны хур...»

 

Афтæ зары, кæны йæ мæстæй

Ныр йæ чызджы чызгæн йæ хъаст,

Уый кæд тауы рæдау Афассæ

Дун-дунейыл

Йæ уарзт?!

***

Цы фæдæ, мæ амонд,

Кæд сау хъæды тармæ

Фæлыгътæ мæ удæй, —

Æз дæр дæ æмбарын...

 

Зын дын кæд у мемæ,

Уæд чи нæ у растдæр? —

Цæй, лидзгæ мæ ма кæ

Мæ цинад, мæ сары!

 

О, нæй дын уромæн,

Кæд иугæр у афтæ,

Мæ уарзæтты къухы

Нæй, ма мын уæд рафтæн!

***

Афтæ райдайы царддæр...

Райгонд, рухс изæртæй;

Ау, кæм уыдаид хъармдæр

Саг Къуыдары бæстæй?!

 

Мæйрухс ивылы, хурау,

Кæрдæг, базау, — фæлмæн...

Ехх, дæ цæстыты рухсæй

Мæнæн ирвæзæн нæй!

 

О, æрцыди мæ афон, —

Бæстæ байдзаг хъæрæй.

Уæд цы кæнæм фынафон,

Ракæн аргъæуттæ, цæй!

 

Уæдæ хæйрæг йæ хинæй

Дон куыд хаста хъæмæ,

Æмæ уалдзæджы цинæй

Мыст куыд фæлыгъд мæнæй.

 

Ехх, дæу хуызæттыл уа дис

Цард нæ кæны, сæрæй:

Дæуыл аудæг нал ис,

Уæд «мæн у» зæгъæг нæй!..

ХОХАДЖЫ ХЪУЫДЫТÆ

Мæлын зын у, фæлæ йæ тас

Ды ма кæ уа диссаг. Дæ разы —

Картоф хъæбæр цыхтимæ, бас,

Æмæ цæуыл нæ кæнай разы?..

 

Къуындæг — дæ уисæйбыд хæдзар,

Фæлæ дæ пецы сугтæ баппар

Æмæ хъæлæсыдзаг ныззар,

Кæн-иу дæ урс гокойæн пъатæ.

 

Уæлæуыл баззади дæ ном

Фæрныг, æнувыдæй, рæдауæй,

Æмæ-иу мауал кæ фæсмон

Дæ мæгуыр цардыл.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 45 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
СÆРДЫГОН ИЗÆР| ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.01 сек.)