Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Хъæбысæйхæцæн гауызы ныхас

АРАППÆН | МÆГУЫРГУРЫ САГЪÆС | МЫСТ ÆМÆ ХÆФС | AElig;РДХÆРДТÆН | ЧЫСЫЛ НЫВ | ГÆДЫЙЫ ЛÆППЫН | УАЛДЗÆГ | ХАЛОН ÆМÆ УЫГ ХЪÆУУАТЫ | СÆРДЫГОН ИЗÆР | МАДЫ ЗАРÆГ |


Читайте также:
  1. AElig;РГОМ НЫХАС
  2. АЦÆРГÆ ПОЭТЫ НЫХАС
  3. ЗÆРÆДТЫ НЫХАС
  4. ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС
  5. ЛÆППУЙЫ ХЪАЗÆН НЫХАС
  6. МАД ÆМÆ ХЪÆБУЛЫ НЫХАС

Ам хъазæн фæз нæу. Кæд дæ хъаруйыл дæ —

Дæ рахызт у — джитæнтæ ма кæ.

Уæлахиз нæ хæссынц хъуыдытæ, фæндтæ,

Ысдзур-иу дæ ныфсы æвзагыл.

 

Æмбар-иу, дæ иунæг хæцæнгарз кæй у

Ыстайы тых: хин ми, фæцарæхст.

Нæ дын ысты уыдон, — мæ фæлмæн уæхскæй

Сæргуыбырæй хиздзынæ арæх.

БАЛЛАДÆ МЫСТЫТЫЛ

Кæддæр мæ хæдзар уыд мæгуыр,

Æмæ-иу мыстытæ парахат

Бæхдугътæ уагътой къуымты... Ныр

Куы ралæгдæн, кæй зоныс, ахæм,

 

Уæд нал хъуысы сæ кой-сæ хъæр.

Ныккалын сын, бæргæ, сæ разы

Æхсæртæ, ’хсынæнтæ, сæкæр, —

Мæ лæггадыл нæ кæнынц разы.

 

Уæдæ нæу ацы хъуыды мæнг:

Кæддæр-иу — хион уа, æрвад уа, —

Мæгуырæй дардмæ лыгъди лæг,

Ныр та хъæздыгæй лидзынц дардмæ.

Цæмæн уа афтæ?..

ШАХТЕР

Æз рухсæй талынгмæ куы цæуын,

Раст удæгасæй — мæрдтæм,

Уæд мæн хæрз амæндтæ нæ хъæуы,

Нæдæр фæкувын зæдтæн.

 

Æз хорз зонын: мæнæй хуыздæр

Адзалы къух нæ хаты ничи:

Цæрдудæй дыл, уæлдай мыздæн,

Сыджыт æрæхгæндзæни ричъи.

 

Уæлонтæ ма мæ цард, мæ ном

Сæ куывды, чи зоны ’мæ мысой.

Мæлæт лæгыл нæ дары ком, —

Хъæр мæрдтæм никæцæй нæ хъуысы.

 

Фæлæ цæуын... Æмæ фæскуыст

Æнкъарын, сабийау, фыццагхатт, —

Куыд æхцон у мæ уæнггы рыст,

Куыд æрттиваг у хуры уадздзаг!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 47 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС| ХЪАЗÆН НЫХАС

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.023 сек.)