Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Ирыстоны гимн

ХАЛОН ÆМÆ УЫГ ХЪÆУУАТЫ | СÆРДЫГОН ИЗÆР | МАДЫ ЗАРÆГ | ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | ХЪÆБЫСÆЙХÆЦÆН ГАУЫЗЫ НЫХАС | ХЪАЗÆН НЫХАС | РÆТТÆЙ ХЪАЗТ | ЭПИТАФИ | ИРЫСТОНЫ ХЪАЙТАР ДЖИОТЫ ВЛАДИКЫ ЗАРÆГ | ПОЭТÆН |


Читайте также:
  1. ИРЫСТОНЫ ХЪАЙТАР ДЖИОТЫ ВЛАДИКЫ ЗАРÆГ

Нæ дун-дунейыл

Арфæйаг у,

Уарзон Ирыстон, нæ ныфс!

Уадз æмæ арф кæмттæй

Ивыла зарæг,

Ды дæ нæ цин уа, нæ рыст...

Ой, мæнæ тох!

 

Фарны къæсæрыл

Райхъал у ды,

Ма хæсс æгадмæ дæ сæр!

Оххай, нæ фыдæлтæ —

Сагсур алантæ,

Чи уыд сымахæй лæгдæр?!

Ой, мæнæ тох!

 

Царды уæлахиз

Чи фæкæны, —

Ахæм амонд та кæм ис?

Хур дæм фæхуддзæни,

Райгæ, Ирыстон, —

Уый у дæ бон уа, дæ ис.

Ой, мæнæ тох!

Уарзон дзыллæтæн

Сойхæссæг у.

 

Кал сын, æрвæрдынау, рухс.

Уадз æмæ Ирбæсты

Их базыр арвыл

Ма кæна стъалы фæлурс...

Арфæйаг у!

***

Нæу хъысмæты кар азтæй,

Иу бон сатæг уæлмæрд

Æз ысхондзынæн м’ артдзæст

Йе та — кады дзæнæт...

 

Нæй мæ хæрнæджы еу-сар, —

Хъарæг зарæг у уым,

Æмæ ме знæгтæ бонсау

Уым кæндзысты фысым.

 

Тагъд-тагъд зилы къæбицгæс,

Мур нæ сафы уæгъды, —

Мид зæрды та дын — хиндзæст,

Уый фæлдисы гæды.

 

Ды нæ фæцыдтæ йе ’мдзу,

Нæу биноныг дæ къай,

Æмæ дзур æви ма дзур:

Цард уыди æмæ нæй!

 

Уый кæмæ кæсы диссаг,

Фæлæ, оххай, мæ бон, —

Мæн нæ базыдта иу лæг

Ацы зæххыл бæстон.

 

Æз кæй амондæн хастон

Донæй дуртæ зымæг, —

Фалдæр абад ын загътай,

Уæд дæу хоны тызмæг.

 

Сонт рæсугъдæн дæ удæй

Ды куы судзай цырагъ,

Уæд сæмпæрчъи дæ, худæг, —

Нæй æнувыдæн аргъ!..

 

Цард дыл сагъуыди зинау;

Кæд æххуысæн нæ дæ, —

Къух дыл ауыгътой хион

Æмæ тугæй хæстæг.

 

Налдæр иу дæ, нал — иннæ,

Раст Хуыцауæй æппæрст:

Нæй цæуæг — нæ дæ цинмæ,

Нал дæ зынмæ, уæд фæрс:

 

Ау, цы уын кодтон уагæр?!

ÆХСÆВЫ ХЪУЫДЫТÆ

Дæ ныфс куы асæтта, уæд ма

Цы рæстдзинад, цы хорз у адæн?..

Тæрынц дæ раууатмæ, кæс-ма,

Кæйдæронау, дæ уарзон адæм!

 

Бæргæ сыл аудыдтай ды, —

Сæ кад сын никуы уагътай зæхмæ,

Фæлæ цы ироны фæнды,

Æмæ уа иу хуыздæр æввæхсты?!

 

Цы нæ вæййы, хæрзуды кад

Æвзары сау сыджыты ингæн,

Æмæ-иу ма фæтæрс, уадз уа

Дæ зарæг, мастисæгау, — цинæн!

 

Рæсугъд у раст лæджы цæсгом, —

Фæуром-иу дæ зын, дæ кæуын...

Лæгдæ, уæд ардзысты дæ ном,

Мæрдтыбæсты уай, йе — уæлæуыл.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 45 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
МÆРДДЗЫГОЙÆН| AElig;рдзы диссæгтæй

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)