|
Пародитæ
СИДÆМОНТЫ Æ-ЙЫ ФЫСТÆГ ХОДЫ КАМАЛМÆ
Поэты ном... Дæуæн æй радта хицау,
Мæнæн — Хуыцау...
Сидæмонты Æ.
... Мæ кæддæры хæлар,
Кæмæ вæййы Хуыцауы лæвар, уый
Нæ феппæлы йæхицæй...
... Фæлæ вæййы ыстыр бæллæх, лæгæн æй
Куы нæ ратты нææ — хицау, нæ — Хуыцау!
Ходы Камал
Мæ хорз хæлар, мæ рæдыд мын ныббар, —
Дæ фыстыл дын бæргæ фæкæнын дистæ,
Фæлæ мæнæн нæй хицæуттæй æмбал,
Дæумæ нæ хъары, о гормон, мæ риссаг!..
Поэты номмæ чи æрхæсдзæн фау?! —
Зæгъ-ма-иу, зæгъ: мæнæн, дам, æй фырцинæй
Æрмæджы радтой: хицау уа, Хуыцау,
Мæн та-иу бауадз, — аппæлон мæхицæй...
Дæ номæй мæн кæм нæ зондзысты, ау?! —
Фæлæ тæрсын, кæс-ма, поэты ном та
Гъеуыцы ницы-мацыйаг Хуыцау
Нæ дыууæйæн дæр кæд, мыййаг, нæ радта?!
ХЫЛ КЪОГЪОИМÆ
Дыууæ стæм уаты: къогъо æмæ æз,
Æз æмæ къогъо — нæй æндæр ызмæлæг...
Уæрæх уаты дыууæ йеддæмæ не сгпæм...
Дæхи мыл — гъæй-да! — рауадз «мессершмиттау»,
Нæ зоныс ды мæ сау тугæй æфсис.
Хъодзаты Æхсар
Цынæ фыдбылыз рацахсы мæ уды, —
Ныр та мыл къогъо сагъуыди, мæгуыр!..
Уый туг хъæуы. Кæмæ цæуон фæдисы?
Хæлæрттæм? — нæ, цы мын ысты, бæгуы?!
Дыууæ стæм мах — нæ зонд уа, йе нæ асæй —
Нæ Иры зæххыл... Ма кæ, мæ хур, — паддзæхтæ...
Ды — хицау дæ, куы хыл кæнон дæуимæ, —
Цæвдзысты мæн нæхиуæттæ армаццагæй.
Æз раттин туг: «Нæ къогъо дæр нæхи куы у», —
Фæлæ, — «бездар», цынæ кæны, цынæ! —
Сырх туг æй хъæуы уый, мæнæн та сау туг у,
Æмæ йæ тасæй нал кæнын фынæй.
Æниу дæ, цæй, цы æфхæрон, мæ хорз къогъо,
Дæхи мыл рауадз, раскъæр «мессершмиттау», —
Хуыцæупæм дæр куы фæхъуысынц мæ «О-о-тæ»,
Уæд мын ды чи дæ?! —
Мæхицæй дын ныссидтæн...
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 37 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ИРЫСТОНЫ ГИМН | | | ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ СÆРДАРЫ ДЗУАПП |