Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

МÆСКУЫЙÆН

ХÆДТÆХÆДЖЫ | МÆН ЧИ УАРЗЫ, УЫМÆН | НАЛ МÆ УАРЗЫС | СЫЛГОЙМАДЖЫ ХЪАРÆГ ЙÆ УАРЗОНЫ ИНГÆНЫЛ | ХÆДЗАРЫ ФАРН | ХОХАГ КУЫДЗ ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | ЦИН ÆМÆ МАСТ | AElig;ХСÆВ ГАГРÆЙЫ | ЦÆЛГÆНÆНЫ | НЫВОНД ХЪУГ |


Æгæрон арвы кæхц — цъæх мигъæй æхгæд морæ...

Йæ къæсыл банцади Останкины мæсыг.

Дæ райсом хорз, Мæскуы! — Мæ рагсагъæсты горæт,

Мæ цин, мæ уарзты рис, мæ зæрдæйы фæрдыг.

 

Мæнæн ам алцыдæр бæстон-бæрæг, æхцон у.

Ныр уал азы фæстæ, цыма рæсугъд фыны

Хуыссæгхъæлдзæг фæндаг кæны мæн тарæй бонмæ,

Мæ цинæй — расыгау, æз уæлдæф дæр уынын.

 

Лæууынц, сылгоймæгтау, рыг миты сагъд цырæгътæ

Фыдæнхъæлæй... Сæ уарзты монц фæмæнг.

Сæ фарсмæ уынгсæрфæг æрхойы зæхх йæ къæхтæй,

Ныззилы, хосдзауау, йæ даргъ уисой — цæвæг.

 

Æз-иу дæ фæлмæн хуыз гъе ахæм афон уарзтон,

Сæударæй-иу мæ цырагъ бонмæ сыгъд.

Уыдтæ сæ фæдсафæг æрхæндæг æмæ мастæн,

Мæ уарзты дугъон-иу æдзухдæр уыд ифтыгъд.

 

Æмæ йæ фесхой уæд ызнæт царды гуылфæнтæм,

Цы байсæфтай — дывæрæй та йæ ссар...

Уæлтæмæны куыд уа, ызныхы зынгау, зæрдæ,

Дæ сонт æнкъарæнтæн куыд уа сæхи сæ бар!

 

Ныр кардзагъдæй кæсын дæумæ æдзынæг,

Мæ туг та раздæрау мæ дадзинты тæлфы...

Ыстыр дæ ды, Мæскуы, фæлæ дæ æз хæсдзынæн

Æнустæм дæр мæ цæстыты къуырфы.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 42 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
СЫРДДОНЦЪИУ| ЗÆРÆДТЫ НЫХАС

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.013 сек.)