Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ЦÆЛГÆНÆНЫ

СÆРДЫГОН ИЗÆР | ДОНЫЧЫЗГ | ИЗÆР ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | ХÆДТÆХÆДЖЫ | МÆН ЧИ УАРЗЫ, УЫМÆН | НАЛ МÆ УАРЗЫС | СЫЛГОЙМАДЖЫ ХЪАРÆГ ЙÆ УАРЗОНЫ ИНГÆНЫЛ | ХÆДЗАРЫ ФАРН | ХОХАГ КУЫДЗ ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | ЦИН ÆМÆ МАСТ |


Ныллæг, сæгахуырст хæдзар хъармæй

Цъымара цады был лæууы,

Ныууигъы йæ тыхдымгæ тары,

Цыма йæ ивгъуыдыл кæуы.

 

Ам цард кæддæр абхазаг саг лæг.

Мæгуыр, æххормагæй, рыстæй.

Фыхта-иу мамалыгæ аджы,

Сæгъдзармæй йын уыди лыстæн.

 

Йæ алварс — хъæд. Уым цъиуты зарын

Нæрыди изæрмæ. Фæскуыст

Бæрзонд, æгæрон арвыл стъалы

Йæ амонды цырагъау сыгъд.

 

Цы нæ зын бавзæрста йæ царды:

Ызнæгтæ — фаг, æмгарæй — цух,

Æмæ йæ фыдæлты къæдз кардыл

Æдзух хæцыд йæ уæззау къух.

 

Уыди хъысмæты карзыл разы,

Фæлæ нæ быхста-иу æцæг:

Фæчъизи сты дæ ном, дæ намыс,

Уæд удæгасæй мард у лæг.

 

Ныр мæнæ æз йæ къуымы бадын

Æмæ мын бурдзалыг рæсугъд

Кæны, — хъæуа-нæ хъæуа, пъатæ,

Нæ зæрдæтæ æнцой, æмуд.

 

Ыскодтой ам цæлгæнæн адæм,

Æмæ ма чи кæны йæ мæт.

Бæрзонд арвы цъæх-цъæхид цадыл

Æртыхст æрвæрдыны къæлæт.

 

Рæсугъд у ам. Фæхъуысы агæй

Хæрздæф хæринаджы пæлхъ-пæлхъ,

Фæлæ абхазаг ныхас рагæй

Нæ хъуысы ам хæснагыл дæр...

ÆВЗОНГ ЛÆППУМÆ

Мæ удхæссæг фестад — нæ зоны йæ кар,

Мæнгæфсон — хæлар уа йе уарзæттæ...

Цæуыл кæуыс, саг лæг? Дæ цард у дæ бар,

Уæд та ма фыддæр зынтæ бавзæрстай!

 

Уæд та ма дæ бахъуыд сылыйæ цæрын

Къуыдары æвæгæсæг уаз хæхтыл:

Мæгуыр лæджы зарæг кæцæйдæр нæры, —

Нæ йæ хæссынц рындзмæ æвдæрзт къæхтæ!

 

Гъе ахæсты тары ныгуылы дæ бон,

Æнæрцæф, Гæджиты Бадилайау, —

Дæ фыдгул ызнæгтæ дыл калынц сæ бон,

Дæуæн та дæ сау тугæй — хинайæн.

 

Æрсабыр у, саг лæг! Гыццийы къæбæр

Æртхуроны фаззон уа, балцы,

Æмæ кæд ирон дæ, бæрзонд хæсс дæ сæр,

Мæлæтимæ ма бахæр иу кæхцæй!

***

Æз мæ зæрдæйы дуарыл ныффыстон:

— Мидæмæ,

Кæд æцæг лæг дæ, уæд!

Хай мын бакæ дæ зынтæ, дæ рыстæй,

Цинтæ иумæйаг уæнт!

Нæй зæххы цъарыл иунæг уд, царды

Семау

Чи нæ æруагъта рæдыд;

Чи нæ кодта дыгъуырццæг йæ ардыл,

Йе нæ сайдта йæ дзырд...

Йе æрцу, æз кæмæнфæнды барын,

Кæд æвæндонæй искæд æваст

Комдзог рацыд рæсугъд чызг, æмгарыл, —

Риуы баззади маст...

Æмæ азым йæхицæн ныббара,

Уый фæрныгау нæ уарзы йæ цæст...

Тас æрцу, цардæй бирæ нæ дарæм,

Фæлæ искуы æрмæст

Кæд дæ райгуырæн зæххыл гадзрахат

Ды кæй рацыдтæ — айхъуыст, уæууæй!..

Уæд Аминоны къæсы дæр ма хат, —

Дæуæн удæнцой нæй!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 57 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
AElig;ХСÆВ ГАГРÆЙЫ| НЫВОНД ХЪУГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.008 сек.)