Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Нывонд хъуг

ДОНЫЧЫЗГ | ИЗÆР ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | ХÆДТÆХÆДЖЫ | МÆН ЧИ УАРЗЫ, УЫМÆН | НАЛ МÆ УАРЗЫС | СЫЛГОЙМАДЖЫ ХЪАРÆГ ЙÆ УАРЗОНЫ ИНГÆНЫЛ | ХÆДЗАРЫ ФАРН | ХОХАГ КУЫДЗ ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | ЦИН ÆМÆ МАСТ | AElig;ХСÆВ ГАГРÆЙЫ |


Сæ хъæбулæн ыснывонд кодтой дæу, —

Хызт уа фыдбылыз æмæ низæй.

Дæ хицау у уæздан æмæ рæдау, —

Сæуизæрмæ дæ цъæх нæууыл фæхизы.

 

Зымæг дæ лæсгæр — хъарм, дæ разы — цæхх,

Дæ хосы тъыфыл — иухурон, фæтæйнаг.

Цæмæй ма нæ уай разы, уый-ма зæгъ,

Дæ алывæрсты рухс дуне — дзæнæтау!

 

Фæлæ уæддæр дæ уд йæ чемыл нæу,

Дæ фарсыл та нæ бахæцы дæ минас:

Сæ хъæбулæн ыснывонд кодтой дæу —

Дæ хъæбулы дын раргæвдынц æрвылаз.

 

***

Уæлвонг хъуыдытæм нал тасы мæ зæрдæ,

Æрхуымæй мыл нытталынг вæййы бон...

Уæдæ зæгъын æвзонгадæн хæрзбон, —

Ныхгæнæд мыл йæ ахсджиаг къæсæртæ.

 

Мæ Ирыстон ма у мæ цин, мæ рис,

Йæ разы дæн мæгуыргурау къæмдзæстыг.

Мæ лæмæгъæй... Нынныхъуыр уæддæ цæссыг,

Дæ райст-бавæрд бæлццоны ныфс фæцис.

 

Æмæ цы сты фæндонхæрзтæ, фæндтæ,

Куы лæууой ивылд доны раз æдзынæг.

Куынæуал тыхсай хионыл, æрвадыл?!.

Уæдæ, фæлдисæг, кæд æцæгæй дæ,

Уæд баууæндæд мæ Иры къæсы дзыллæ

Сæ Тых, сæ Ныфс, сæ Æфсымæрдзинадыл!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 55 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ЦÆЛГÆНÆНЫ| СЫРДДОНЦЪИУ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)