Читайте также: |
|
Хæсты быдырæй
Ацы æмдзæвгæйæ арын мæ хæлар, ирон зындгонд фысæг Гуыцмæзты Алешы рухс ном. Уый фæмард Ирыстоны сæрвæлтау гуырдзиаг лæгмартимæ тохы.
Дæ ингæны къуыбар сыджыт, ыссадау,
Мæ уырзты сасирæй нызгъæлы.
Нæ кæуын æз. Нæ мæ уырны дæ ацыд,
Нæ йæ хатын:
Мæ мидвыны дæн, хъалы...
Къуырма фыдох...
Мæ рыст мæ хъуыры смал и,
Ирон дзыллæ
дæ цырты раз ныззоныг:
— Ау, уый та куыд,
æмæ Алеко[2] нал и? —
Дæ хæлæртты кæны сæ цæссыг дойны.
Нынкъуысы зæхх.
Æхст бацайдагъ и ногæй,
Æдзæм-æмбу кæны нæ чысыл горæт,
Нæй удæнцой.
Æмæ кæны уæнгрогæй
Мæлæты къух нæ хуыздæртæй
йæ тона.
Æз дæумæ дзурын барджынæй:
— Ау, мæлæтмæ æвдæлон
Ды куыд разындтæ, м’ ахсджиаг,
Æви хур дæр фæдæлдон!
Ныр дæ ингæныл бонырдæм,
Бонвæдис цъиу ныууасы,
Ды мæ разæй фæдæ, æмæ...
Дæн къæмдзæстыг дæ разы.
Иры урс хæхтыл залиаг
Комæй коммæ фæлæсы,
Мах кæд зыдтам, мæ зæрдиаг,
Уый фыдмитыл æввæрсын!
Рацу, раст-мадæ ингæнæй,
О мæ сагсур æфсымæр! —
Ау, ныууадзай мæн иунæгæй, —
Уый куыд хæссыс дæ сæрмæ?..
Ды æрвылбон дæр тохы дæ, —
Уа нæ ныфс, йе нæ рысты:
Тагъд ирон лæджы хотыхтæ
Уый æргомæй зæгъдзысты.
Фæлæ, чи зоны, мадзура
Ирыл хур дæр ыскæса,
Уæд цы зæрдæйæ бадзурон
Æз дæ ингæны къæсмæ!
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 47 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
МАД ÆМÆ ХЪÆБУЛЫ НЫХАС | | | ХЪÆЗДЫГ ЛÆГ |