Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ХЪАРÆДЖЫ ЗАРÆГ

ХОХАГ КУЫДЗ ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | ЦИН ÆМÆ МАСТ | AElig;ХСÆВ ГАГРÆЙЫ | ЦÆЛГÆНÆНЫ | НЫВОНД ХЪУГ | СЫРДДОНЦЪИУ | МÆСКУЫЙÆН | ЗÆРÆДТЫ НЫХАС | ХÆРЗБОН У, ДЕНДЖЫЗ! | AElig;ВЗОНГАДÆН |


Читайте также:
  1. ГИТАРÆЙЫ ЗАРÆГ
  2. ДЖУСОЙТЫ АКИМЫ ЗАРÆГ
  3. ЗАРÆГ
  4. ЗАРÆГ ПОЭЗИЙЫЛ
  5. ЗАРÆГ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ
  6. ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ
  7. ИРЫСТОНЫ ХЪАЙТАР ДЖИОТЫ ВЛАДИКЫ ЗАРÆГ

Мæ хæлар, сис-ма ацы изæр зарæг! —

Æрыхъусой нæм дун-дунейы цот.

Лæг а зæххыл цæуыл фæкæны хъарæг, —

Гъе уыдон махæн зарæджы хос фонт.

 

Ныззарæм, цæй, нæ дард фыдæлты номыл:

Кæрæдзи ныхмæ расидтысты хæст,

Æмæ зæххыл сæ разагъды хæстонтæ

Кæрæдзи кодтой сугъты цагъд, бынсæфт.

 

Сæ фæдонтæ — нæ фестæм мах хуыздæйраг,

Кæд уыд алан, сарматаг æмæ скиф,

Уæд дзурæм ныр: ирон, дыгур, къуыдайраг,

Нæ цард ысси дыгъуырццæг хъуыды — миф.

 

Лæгдæр уæвын нæ уадзæм мах лæгдæры,

Æмæ фæхæссы дард бæстæм йæ сæр...

Цы ма хъæуы фыдызнæгты, кæйдæрты, —

Хынджылæггаг — нæ райгуырæн къæсæр.

 

Ныззарæм, цæй, фæлæ нæ зæрдыл дарæм:

Зæххыл ма баззад иу ирон æрмæст,

Уæд, чи зоны, ныккæна уый та хъарæг,

Куы ахæсса нæ уæлмæрдтыл йæ цæст.

ХУДÆДЖЫ ÆМДЗÆВГÆ

Тызмæг дæ, дун-дуне, тызмæг, —

Дæ риугуыдыры фат нæ хизы...

Æз нал зонын, — сæрд уа, зымæг, —

Кæдæм, цы раууатмæ фæлидзон?

 

Мæлæтмæ — иу фæндаг... Уæууæй,

Æз дзы æцæгæй дæр нæ тæрсын,

Фæлæ ма чи уыдтæ? Кæмæй? —

Зæгъынц, Аминон дæр æрфæрсы.

 

Æмæ куы базона, мыййаг,

Мæнмæ нæй хорзæхтæ, æхцатæ;

Мæ куыдз дæр никуы уыд уæййаг,

Тæрсы мæ, диссагау, Хуыцау дæр, —

 

Ныууигъдзæни, бецау, йæ сæр

Тæрдзæни мæ зындонæй дарддæр,

Фæлæ ма авддæлзæххæй дæр

Нæрдзæн рæстдзинадыл мæ зарæг!

АРТУД

Мæ зæронд фыд Хаджейæн

Уый афтæ уыд: у æхсæв куырм,

Кæны бон дзир-дзур, гъе уæд комы

Ныннæры байраджы мыр-мыр, —

Хъæу зоны: уый Хадже уа хъуамæ!

 

Ирон æмбисонд у: кæм дыл

Нытталынг уа, гъе уым-иу бахуысс,

Фæлæ хъæбатыры мæрдты,

Уæлæуыл уа, йæ ном, йæ намыс

 

Нæ уадзынц улæфын... Æмæ

Тæхы æхсæвы тары байраг,

Тындзы хуыррытгæнгæ хъæмæ,

Тæрсы дзы, комы бикъау, хæйрæг.

 

Мæ зæронд фыд фæрныг лæг уыд,

Уый хорз зыдта: кæм уа, гъе чемæ?

Æрвнæрæгау нæрыд йæ дзырд, —

Мæ мыггаг та — мæгуыр Хаджетæй.

 

Кæм дæн æз уый аккаг, бæгуы,

Æргъæвст фæндаггонау, æфхæрдæй:

Мæ куырой ривадæй кæуы,

Ызгæ — мæ дугъоны цæфхæдтæ.

 

Фæлæ уый иууыл афтæ нæу,

Мæ туг нæма хъæцы йæ зыныл:

Зæххыл цы нæ бантыст мæнæн —

Мæрдты йæ авд хатты кæндзынæн!

 

Хъыг-иу уын макуы уæд мæ фенд,

Кæнæд уыл мин-мин азтæ хур аз!

Уыд артуд Джусойты Хадже —

Фырхивæнд — Хаджеты Таймураз!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 48 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
МЫГГАДЖЫ СÆФТ| НАРТЫ СЫРДОН МÆРДТЫБÆСТЫ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)