Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Хæрзбон у, денджыз!

НАЛ МÆ УАРЗЫС | СЫЛГОЙМАДЖЫ ХЪАРÆГ ЙÆ УАРЗОНЫ ИНГÆНЫЛ | ХÆДЗАРЫ ФАРН | ХОХАГ КУЫДЗ ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | ЦИН ÆМÆ МАСТ | AElig;ХСÆВ ГАГРÆЙЫ | ЦÆЛГÆНÆНЫ | НЫВОНД ХЪУГ | СЫРДДОНЦЪИУ | МÆСКУЫЙÆН |


Читайте также:
  1. ХÆРЗБОНЫ УЫСМ

Гæдыйау, уылæн уылæнимæ хъазы,

Кæрæдзи фæстæ атулынц фæлмæн.

Хæрзбон у, денджыз! Хъызты дæ кæй уарзын,

Зæрдылдаринаг уымæн дæ мæнæн.

 

Фæнды мæ: ныр къуыззитгæнгæйæ дымгæ

Куы рабалц кæнид сау мигъты, æмæ

Нæ алфамблай æрвæрдыны сырх зынгæй

Куы ныррухс уаид дун-дуне уысммæ.

 

Куы расхоиккой уылæнты рæдзæгъдтæ,

Кæрæдзи хойгæ, иу цæдау — æмхæст,

Æмæ куы ризид айнæг хох бындзарæй,

Йæ гом фæрстыл куыд фæцæуа дæ дзæхст.

 

Нызгъалис уæд дæ урс-урсид фынчытæ

Цъæх арвы риуыл. Фехъуысы ма: охх! —

Цыма лæгау æрымысыс дæ зынтæ,

Æрæмбарыс, кæй у æнусон тох!..

Хæрзбон у, денджыз!

МÆ ЗÆРОНД ФЫДЫ МЫСГÆЙÆ

...Он не был плохим,

просто был слшиком бедным,

потому нехорошим...

Жоржи Амаду

Фæзæгъынц адæм, зарын, дам, нæ зыдтай, —

Хæхбæсты-иу дæ ивар кодтой фынгыл,

Ыстæй-ма ноджы мадзура кæй уыдтæ,

Дæ фарсмæ уымæн ничи лæууыд уынгыл.

 

— Дзæбæх лæг куы у! — бафæрæзта чидæр, —

Ныххудтысты-иу ныхасы зæрæдтæ.

Сылгоймаг уа, сывæллон, комы иудæр

Дæ тызмæг дзырд нæ бадардта йæ зæрдыл.

 

Уæззау къахдзæфтæй лæдзæджы æнцæйтты

Фæцæйцæуыс дæ уисæйбыд хæдзармæ,

Уæд-иу дæ хъустыл уад: дæ гом сабитæ къæйтыл

Ныццæлхъ кодтой æххормаг лæджы зарæг.

 

Тæнæг сасирау, уалдзæджы къæсæрыл

Сæ удтæй хъары рухс... Æмæ дæ роны

Æмбæхст хуычъытæ, саджы къах, пысыра

Кæм не сты фаг минасæн æхсæв-бонмæ.

 

Æрбадтысты хæлынбыттыртау д’ алварс,

Кæй дзы цы фæуа, ууыл у сæ хъуыды.

Дæ бинойнаджы сау дзыккутыл — халас,

Дыууæ нæ зæгъы никæд бон дæ дзырдыл...

 

Кæм нæй уæд амонд хохагæн йæ къæсы! —

Фæлæ дæ уды нал райхъал и зарæг...

Дæ ингæныл та, — афтæ мæм фæкæсы, —

Куы нæры арв, — сызгъæрин къæвда уары.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 53 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ЗÆРÆДТЫ НЫХАС| AElig;ВЗОНГАДÆН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)