|
Иу нæ иннæмæй нал ис, —
Уæд цы кæнай, ироныстæг?..
Туг нæ удты ысмал и:
— Ау, цы лæгтæ, цы хорз ыстæм!..
Алчи алцæмæй барджын у,
Сты æвдæлонæй хъалтæ,
Кæд мæлæт вæййы адджындæр:
— Тох! Æвзистсаргъ АЛАНТÆ!..
Чидæр... Бирæ... Цыдæр-цытæ...
Ары мæлдзыг дæр аууон,
Уæд цы кæныс дæ бæрцытæй,
Ды — æлвæстриу АЛЛАНОН!..
Дæу рæсугъд лæппу хондзысты,
Ард хæрдзысты дæ номæй,
Фæлæ — никæд
Ироныстæг,
Нæй,
Сæттынтæ нæ комы!..
Зилы халон нæ арæнтыл,
Зонут: сау туг ныл уары,
Æмæ иу хатт куы ныббарай,
Уæд æнус-æнус барыс!..
***
Рæсугъд цард, амондæн йæ кар
Нывзийы иу афон, — уый зонын, —
Ныввæййы сыджыты дæлбар, —
Поэт уа, паддзах æви зондджын! —
Æмæ æрцæуы уæд кæрон,
Дæ сагъæстæ æмæ дæ зынтæн:
Уыдис æвзистæхгæд дæ рон,
Ныр мысыс уый, дæ цин, дæ фынты...
Фæстаг фæндарастæй ма ды
Кæсыс дæ адæммæ: цы фесты?! —
Кæд та сæ асайдта сæ фын,
Æви мын сухты цагъд дæр фесты? —
О, уæд ирон лæджы мæлæт
Æцæг тæригъæддаг у... Оххай,
Дæ Иры сæрвæлтау дын кæд
Нæ бантыст ницы — цард уа, тохæй?!
Ныхъхъæрз-иу авддæлдзæхæй уæд,
Кæн-иу дæ рухс ингæнæн пъатæ, —
Фæлæдыл чи кæндзæни мæт,
Кæй хъуыдтæ удæгас уа, мардæй?!
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 54 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ТЕЛЕФОН | | | УАРЗТЫ ФÆНДАГ |